«Радио Сæрибары»  Европæйы бюро- Европаламент хъавы рацæуын сидтæй, Евроцæдисы æмæ  «Хурыскæсæны Партнерады» æхсæз  уæнг паддзахады  æхсæн, «Иумæйаг Экономикон тыгъдад»  саразыны фæдыл
«Радио Сæрибары» Европæйы бюро- Европаламент хъавы рацæуын сидтæй, Евроцæдисы æмæ «Хурыскæсæны Партнерады» æхсæз уæнг паддзахады æхсæн, «Иумæйаг Экономикон тыгъдад» саразыны фæдыл

Европарламент хъавы рацæуын сидтæй,  Евроцæдисы æмæ  «Хурыскæсæны Партнерады» æхсæз  уæнг  паддзахады  æхсæн, «Иумæйаг Экономикон тыгъдад»  саразыны фæдыл.  Æмбæлгæ  сидтæй  документы проект Европарламенты  бакуыстæуыд. Уый  фæдыл «Радио Сæрибар»-ы  Европæйы  бюро,  документы преоктыл  æнцойæ  фыссы. «Хурыскæсæны Партнерады»  уæнгтимæ иумийæг экономикон тыгъдад  саразын, фæнысангонд  æхсæз  бæстæйы, Евроцæдисмæ этапгай  интеграцийы   хайыл  цæуы нымад.

Медиафæрæз  куыд банысан кодта,  афтæмæй,    документы  æркаст  Европарламенты  æддæ ахастыты  комитеты  æввахс  къуыриты   ацæудзæн æмæ  гæнæн ис,   инициативæйæн хъæлæскæнынад    пленарон сессийыл,  зæрдæвæрæны мæйы  ацæуа.

Проект  афтæдæр фауы   Уæрæсейы  æрдгæй   Хурыскæсæны Партнерады бæстæты  æнæзакъонон   оккупаци æмæ  дестабилизицийы  архæйдтытæ.

«Хурыскæсæны партнерад»  у   коллективон политикъон  инициативæ, кæцыйæн йæ нысан у  æмахастытæ фæарфдæр кæнын æмæ   фæфидардæр кæнын  Евроцæдисы, йæ  уæнг  паддзахадты æмæ  йæ  æхсæз  хурыскæсæйнаг  сыхагы æхсæн, кæцытæ  сты:  Сомихыстон, Азербайджан, Белорус, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украина.