Прокуррор Джарджи Цъиклаури бавдыста куырдиат, цæмæй Михеил Саакашвилийы тæрхоны процессмæ сису кæнын æрцæуа æфхæрдæххæстгæнæн уагдоны кæнæ дистанционæй
Тбилисы горæты тæрхондоны, 2007 азы 7 ноябры эпизодыл цæугæ тæрхоны процессыл хъуыддаджы прокуррор Джарджи Цъиклаури бавдыста куырдиат, цæмæй æрцæуа зылынмæ лæвæрд Михеил Саакашвилийы ссиу кæнын процессы æфхæсрдæххæстгæнæн уагдоны, кæнæ дистанционæй.
Прокуррор райхæлдта, ома кæд ист æфсонæй не нтысы ахæсты этапи кæнын, уæд гæнæн ис тæрхоны процесс ауадзын, зылынмæ лæвæрд кæм уæвы ахсты уыцы ран кæнæ та дистанционæй.
«Михеил Саакашвилийы этапиркæнын нæ бантыст, уыйтыххæй цæмæй зылын мæлæвæрд Михеил Саакашвилимæ уа фадат процессы хайад райсын, процессон кодекс йæ хъуыдыйы дары – кæд объективон аууæлтты тыххæй, не нтысы этапиркæнын, уæд гæнæн ис тæрхоны процесс ауадзын, зылынмæ лæвæрд кæм уæвы ахсты уыцы ран, цæттæ стæм хайад райсын. Дистанционæй ссиу кæныны фадат дæр нæ цух кæнæм» – райхъусын кодта прокуррор.
Михеил Саакашвилийы адвокат Бека Басилаиа та райхъусын кодта, цæмæй уыдонæн зылынгæнæг фарсы куырдиат нæрайсгæ у. Саакашвилийы адвокаттæ, тæрхоны процессмæ зылынмæ лæвæрд Михеил Саакашвилийы ракæнын домынц.