Прокуратурæ - Хаст æрцыд уынаффæ Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн аххосаг бавдисыны фæдыл
Хаст æрцыд уынаффæ Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри Джапаридзейы аххосджындзинады тыххæй, се æрдгæй къордгай 16 754 000 америкаг доллары æнæзакъонон æфтиагы легализацийы фактыл – уый фæдыл абон генералон прокуратурæйы уагъд брифингыл прокуррор Саломе Чикобава райхъусын кодта.
«Æхсæнадæн бæрæг куыд у, афтæмæй, 2018 азы 2 августы Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ, рывнæлдта фæдæвзарынмæ акцион æхсæнад «ТВС Банкъы» æвджиддар советы сæрдары æмæ йæ хæдивæгы æрдгæй, æнæзакъонон æфтиагы легализацийы фактыл.
Бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй, фæнды нæ дзыллæйæн фехъусын кæнын, цæмæй тугтæрхоны барады хъуыддагыл цæугæ фæдæвзарæны фæлгæтты райст бæлвырдгæнæнты анализы фæстиуæгæн хаст æрцыд хатдзæггæнæн уынаффæ.
Хаст у уынаффæ Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри Джапаридзейы аххосджындзинады тыххæй, се æрдгæй, къордгай, 16 754 000 америкаг доллары æнæзакъонон æфтиагы легализацийы фактыл, кæцыимæ æфтыд у сæрмагондæй егъау бæрцæй æфтиаг райст (фыдракæнд нымадмæ ист у Гуырдзыстоны тугтæрхоныбарады кодексы 194-æм статийы 2-аг хайы «А» æмæ 3-аг хайы «Г» дæлпункттæй)»,- райхъусын кодта прокуррор.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридземæ абон фæсидтыстæм Гуырдзыстоны генералон прокуратурæмæ уыдонæн зылынгæнæг уынаффæйы бавдисыны нысанæй»
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ М. Хазарадзе æмæ Б. Джапаридзейæн зылынгæнæг бавдисыны фæстæ, баздæхдзæн тæрхондонмæ куырдиатæй, мадзæлттæ скæныны тыххæй.
«Мадзæлтты хуызы фæдыл информацийы, дзыллæйæн фехъусын кæндзыстæм уæлæмхасæй», – райхъусын кодта прокуррор Саломе Чикобава брифингыл.