Мамука Хазарадзе – Паддзахадон секторы кусджытæм сидæм, ма тæрсут хицауады ивдæй, политикон маст исыны рæстæг фæцис.
Сидæм алкæмæ, æфсæддонтæм, пъæлицæйæгтæм, ахуыргæнджытæм, нæ æмбæстæгтæм, кæцытæ кусынц паддзахадон секторы, ма тæрсæт хицауады ивдæй. Политикон æфхæрды рæстæг фæцис. 26-æм октябры хъуамæ схъæлæс кæнат уыцы политикон тыхы тыххæй, кæцы уæ фæнды æмæ хъуамæ уат æууæнкджын, цæмæй уæ равзæрст негативонæй нæ фæзындзæн уæ позицийыл æмæ карьерæйыл – уый фæдыл «Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийы лидер Мамука Хазарадзейы расидæны ис фыст .
Хазарадзейы ныхасмæ гæсгæ, æвзарджыты фылдæр хай ныридæгæн бæлвырдæй зонынц, цæмæй сæ нæ фæнды «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауады уæвын. Уый сбæлвырд кæндзысты æвзæрстытæ æмæ хъæлæсты рæстаг банымад.
Мамука Хазарадзе ам алы политикон партитæм сиды æмæ банысан кæны, цæмæй 26-æм октябры æмæ фæдылдзог бонты, уыдон октябры хъуамæ цытджынæй бавдисой æмæ адæмы æдасдзинад сифтонг кæной.
«Æз «Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийы алы лидерты номæй сидын нæ коалицийы уæнгтæм æмæ фарсылхæцджытæм, фыццаджы дæр уæздан уагахасты дæнц равдисой. Афтæ дæр фæдзæхсæм «Гуырдзиаг Бæллиццы» , цæмæй уын нæ уыдзæн бар хъæлæстæй манипуляци кæнын, æвзарджыты физиконæй тæрсын кæнын æмæ карзæй реагир кæндзыстæм алы ахæм бафæлвæрдæн. Æвзæрстыты фæстиуджытæ дæр, кæцыты æхсæнадæмон æмæхсæнад банымайдзæн куыд гуырдзиаг адæмы фæндоны легитимон равдыст, алкæмæн дæр хъуамæ уа райсинаг.
Æмæ, æппынфæстаг – æвзарджытæн нæм ис хуымæтæг хъусынгæнинаг: уæ хорзæхæй, хæдзæртты ма бадут! Æвзæрстытæм ацæут! Бирæ аразгæ у сымахæй ацы æвзæрстыты, уæ хъæлæс у скъуыддзаггæнæг. Цыфæнды партийæн дæр æххуыс кæнут, уæ хорзæхæй, хайад райсут ацы алкæмæй нысаниуæгджын процессы бæстæйæн. Хъæлæс кæнут бинонты бæрндзинад æмæ удæй. Гуырдзыстоны фидæн уæ къухты ис!», – банысангонд у Мамука Хазарадзейы расидæны.