Профилактикон куыстыты тыххæй 15-17 августы Девдоракы тунелы змæлд рæстæгмæ урæд æрцæудзæн
Гуырдзыстоны автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, профилактикон куыстыты тыххæй 15-17 августы Девдоракы тунелы змæлд рæсæгмæ урæд уыдзæн.
Уагдоны æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, профилактикон куыстытæ ауадзыны нысанæн 15,16 æмæ 17 августы 10:00 сахатæй 19:00 сахаты онг арæнгонд уыдзæн алы хуызы автотранспорты змæлд.
Автомобилон фæндæгты департаменты хъусын кæнынц, цæмæй автомобилон тунелы сæхгæды тыххæй, автотранспорты змæлд ахæсдзысты мидпаддзахадон нысаниуæгы Девдоракы тунелы фæрссаг автомобилон фæндагмæ.