Профессион ахуыргæнæндæтты дипломтæ сæмуæз уыдзысты æххæст иумæйаг ахуыры дипломимæ
Гуырдзыстоны ахуырады, зонынады, культурæ æмæ спорты министрад профессион ахуыры системæйы реформæмæ æрывнæлдта. Ивдтытæ цалдæр ардæмадæй сæххæст уыдзысты.
Министрады информацийæ, профессион ахуырады диплом сæмуæз уыдзæн æххæст иумæйаг ахуыры дипломимæ, кæцы нысан кæны, цæмæй базисон ахуыр кæмæн ис уыцы æвзонгтæ (9-æм къласс) професситы бацахуыры параллелонæй а.х. скъолайы фадгуытæ æххæстæй бацахуыр кæндзысты æмæ фæндоны цауы, ацы дипломæй уæлдæр ахуыргæнæндæттæм дæр бахаудзысты. Зæрдæвæрæнæй фæнысангонд реформæ этапгай скусдзæн.
Афтæдæр æххæст ахуыр кæмæ ис уыцы уæнгтæн (12-æм къласс) сæ бон уыдзæн, ахуыр кæнын порфессион программæтыл, кæцы бакуыст уыдзæн куыстдæтджыты хайадисгæйæ.
Æрфидар уыдзæн цыбырæмгъуыдон бацæттæгæнæн къурсытæ – а.х. æххæстаздзыдты бацæттæ, кæцыйæн йæ нысан у базарыл уæвæг æркуырдтæм (ваканситæм) æмбæлгæйæ æрцæудзæн æмæ цæрджыты фæлтæрдты ранæуæгы æмæ ног компетенциты райсын.
Афтæма райдайы æнæформалон ахуыры банымады механизмты æрфидар. Уый та йæ хъуыдыйы дары, цæмæй куыстдæттæгы бастдзинадæн профессион программæты сыххæсты, ивгæ программæты æрфидар, æхсæнадæмон сертифициргонд программæты æрфидар æмæ куыстыл æнцойæвæрд дуалон ахуыры масштабты райрæзын кæнын.
Профессион ахуыргæнæндæтты фæтыхджындæр уыдзæн амалиуæгон ахуыр æмæ инновацион технологиты ахуыр. Райтынг уыдзæн бæрзондтехнологион центртæ, кæцы ахъаз уыдзæн професситы бацахуырæн æмæ техникон, цифрон, амалиуæгон æмæ сяфæлдыстадон фæлтæрдты райтынг кæнынæн.
Ахуырады министрады хъусын кæнынц, цæмæй ивдтытæ хицæн секторимæ максималон бастдзинадæй сæххæст уыдзысты. Реформæ пилотон режимы 2019 азы марты мæйæ райдайдзæн æмæ этапга ахæсдзæн куыд сæйраг сахары, афтæдæр регионты профессион ахуыргæнæндæттæм.
Гуырдзыстоны ахуырадоны, зонынады, куыльтурæйы æмæ спорты министр Михеил Батъиашвили профессион ахуыры реформæйы презентаци абон бавдыста.