Президенттæм кандидат Давит Бакрадзе фарсхæцджытимæ фембæлд Самтредиайы
«Европæйаг Гуырдзыстоны» президенттæм кандидат ныццыд Самтредиамæ, цæмæй æрзонгæ уа регионы уæвæг проблемæтимæ. Партийы пресс-куысты информацийæ, Давит Бакрадзе йæхæдæг байхъуыста йæ фарсхæцджытæй, уыцы фарстыты фæдыл, кæцытæ хъыг дарынц бынæттон цæрджыты.
Давит бакрадзе бынæттон цæрджыты æрзонгæ кодта йæ программæйы приоритеттимæ. Сæйраг ардæмадтæ сты – пенситы æмæ социалон æххуысты фæфылдæр кæнын, лигъдæтты проблемæты аскуяддзаг кæнын, фæсарæнтæм кусынмæ чи ацыд уыдонæн баххуыс кæнын , афтæма фæсарæнты чи ахуыр кæны уыцы студенты финансдзинад.