Давит Бакрадзе-  Даниелсон  баззайдзæнис уæдмæ, цалынмæ фарсытæ  фидыдмæ æрцæудзыстæм, кæнæ та искæцы фарс æргомæй нæ райхъусын кæндзæн цæмæй  йæ  ацы фидыд ницæмæн хъæуы
Давит Бакрадзе- Даниелсон баззайдзæнис уæдмæ, цалынмæ фарсытæ фидыдмæ æрцæудзыстæм, кæнæ та искæцы фарс æргомæй нæ райхъусын кæндзæн цæмæй йæ ацы фидыд ницæмæн хъæуы

Даниелсон   цæттæ у,  фарсытимæ куса уæдмæ, цалынмæ  фарсытæ фидыдмæ  æрцæуой , –  уый фæдыл  «Европаг Гуырдзыстоны» уæнг Давит Бакрадзе  Европаг Советы президенты минæвар, Кристиан Даниелсонимæ  фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   æввахс  бонты  дæргъы уыдзæн  фадат, цæмæй бæстæ  кризисæй рацæуы  бадзырды фæрцы.

Иттæг нысаниуæгджын  уыд уый, цæмæй  зноны æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы»  фидиуæны фæстæ, кæцыйæ  практиконæй, рагафонæй нын райхъусын кодтой, цæмæй  бадзырдтæ  урæд хъуамæ  æрцæуæд, Даниелсон баззад  Гуырдзыстоны. Фылдæр нысаниуæгджын уыд, абон уымæй  цы фехъуыстам уый, цæмæй  ацы  уынаффæ  нæ уыдис иубонон æмæ  цæттæ у, фарсытимæ уæдмæ  куса, цалынмæ нæ уыдзæн  бадзырд.

Кæй зæгъын æй хъæуы,  алчи æмбарæм, цæмæй  ис  бæрæг æмгъуыдтæ æмæ ацы бадзырдтæ   мæйтæ  нæ аххæсдзысты, фæлæ  æцæгдæр дзæбæх у, цæмæй  иууыл цъус, æввахс бонты дæргъы нын уыдзæн   фадат,  кусын адарддæр кæнæм  æмæ нын уыдзæнис шанс, цæмæй  бадзырдты фæрцы  бæстæ  сласæм  кризисæй.  Уый тыххæй, фембæлдыл  цы фехъуыстам, уымæй  сегасдæр сæйраг у уый,  цæмæй  бадзырдтæ нæ фæуд кæнынц  æмæ   уымæй уæлдай,  Даниелсон ам уыдзæн  уæдмæ, цалынмæ  фарсытæ  фидыдмæ нæ æрхæццæ уыдзысты, кæнæ та искæцы фарс æргомæй нæ райхъусын кæндзæн, цæмæй  йæ  ацы фидыд ницæмæн хъæуы», –  райхъусын кодта  Давит Бакрадзе.