Польшæйы медийы информацийæ, Польшæйы æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстæгты, кæцы уæнгтæ, Белорусæй  мигрантты  æнæзакононæй ластой  бæстæмæ
Польшæйы медийы информацийæ, Польшæйы æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстæгты, кæцы уæнгтæ, Белорусæй мигрантты æнæзакононæй ластой бæстæмæ

 

Польшæйы  медийы  информацийæ,  Польшæйы æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстæгты, кæцыты аххосджын кæнынц Белорусæй  мигрантты æнæзакононæй  ласыны.

Медийы  хъусинагæй,   организацигонд  фыдгæнæгон къорды   фараст  уæнг, Белорусæй  Польшæмæ  мигрантты æнæзакононæй   ластой  æмæ  сын  æххуыс  кодтой Германимæ абалц кæнын.

Прокуратурæйы пресс-спикеры, Артур Шикулайы  фидиуæнæй,   æрцахстуæвджыты  фылдæр   æнхъæлцау фыдракæндыл басастысты.  Цыппар гуырысхогонды фæдыл  прокурор  тæрхондонæй  æркуырдта  рæстæгмæ ахст стæрхон кæнын, кæцыимæ тæрхондон сразы ис.  Иннæ  уæнгтæн превентивон мадзæлттæ  пъæлицæйæ цæстдард æмæ бæстæйæ  рацыды  тобæ уыдзæн.

Организацигонд фыдгæнæгон  къордты  архайд ивгъуыд азы сентябрæй  цæугæ  азы  январы онг периодыл æххæссы. Къорды уæнгтæ  Подласкы  воеводады, Варшавæйы, Лодзы, Вроцлавы æмæ бæстæйы  æндæр горæтты   активонæй архайдтой.  Джигулы фæстиуæгæн  æрцахстуæвджытæм 47500 евро  æмæ 30 000  доллары  ссардтой.  Польшæйы   прокуратурæйы инфорамцийæ,  афтæдæр ахст сты Польшæйы, Украинаийы  æмæ тунисы  æмбæстæгтæ.  Фæдагуырæн мадзæлтты  хайад иста  «Европол» дæр.