Польшæйы медийы информацийæ, Польшæйы æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстæгты, кæцы уæнгтæ, Белорусæй мигрантты æнæзакононæй ластой бæстæмæ
Польшæйы медийы информацийæ, Польшæйы æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстæгты, кæцыты аххосджын кæнынц Белорусæй мигрантты æнæзакононæй ласыны.
Медийы хъусинагæй, организацигонд фыдгæнæгон къорды фараст уæнг, Белорусæй Польшæмæ мигрантты æнæзакононæй ластой æмæ сын æххуыс кодтой Германимæ абалц кæнын.
Прокуратурæйы пресс-спикеры, Артур Шикулайы фидиуæнæй, æрцахстуæвджыты фылдæр æнхъæлцау фыдракæндыл басастысты. Цыппар гуырысхогонды фæдыл прокурор тæрхондонæй æркуырдта рæстæгмæ ахст стæрхон кæнын, кæцыимæ тæрхондон сразы ис. Иннæ уæнгтæн превентивон мадзæлттæ пъæлицæйæ цæстдард æмæ бæстæйæ рацыды тобæ уыдзæн.
Организацигонд фыдгæнæгон къордты архайд ивгъуыд азы сентябрæй цæугæ азы январы онг периодыл æххæссы. Къорды уæнгтæ Подласкы воеводады, Варшавæйы, Лодзы, Вроцлавы æмæ бæстæйы æндæр горæтты активонæй архайдтой. Джигулы фæстиуæгæн æрцахстуæвджытæм 47500 евро æмæ 30 000 доллары ссардтой. Польшæйы прокуратурæйы инфорамцийæ, афтæдæр ахст сты Польшæйы, Украинаийы æмæ тунисы æмбæстæгтæ. Фæдагуырæн мадзæлтты хайад иста «Европол» дæр.