Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты уагдон -  Арчил Татунашвили у Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты æнæзакъонон оккупацийы радон амæттаг
Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты уагдон - Арчил Татунашвили у Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты æнæзакъонон оккупацийы радон амæттаг

Польшæ æмæ Чехийы  фæсарæн хъуыддæгты министрадтæ  Цхинвалы   Арчил Татунашвилийы  марындзинады  кой  кæнынц –   уый тыххæй  информацийы  хæлиу кæны  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Подбшæйы æддагполитикъон уагдоны  «твитеры»  фарсыл  публикацигонд   фидиуæны  дзырдæуы, цææмй Арчил Татунашвили  кæцы æнæбæрг уавæрта æрбамард,  Уæрæсейы  æрдгæй  Гуырдызстоны территорийы  æнæзакъонон оккупацийы  радон амæттаг у зæгъгæ.

Польшæ куры  Гуырдзыстоны   æмбæстагы  мæлæты  объективон  æмæ æнæаргъæвгæ    равзарын  æмæ  фыдгæнджыты дзуаппмæ раттын. Польшæ  афтæдæр   оккупацигонд  территорийыл æнæзакъононæй  ахст  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæнын  куры.

Фæнысангонд  трагикон  фæзындмæ гæсгæ  «Твиттерыв фæрцы»   фидиуæн  афтæдæр ахæлиу кодта Чехийы   республикæйы   фæсарæн хъуыддæгты министрад.   Фидиуæны мидæг Чехийы  фæсарæн хъуыддæгты министрад  фиксир арф  мæстыдзинад  Гуырдзыстоны æмбæстаг Арчил Татунашвилийы  трагикон мæлæты тыххæй.

Фдиуæны  куыд дзырдæуы афтæмæй,    Чехи фауы   оккупацигонд   Цхинвалы  регионы  адæймаджы барты  æфхæрды  фактытæ æмæ  домы  бынатмæ адæймаджы  барты  хъахъæнæг æхсæнадæмон   институтты  бауадзын.