Польшæ Биньямин Нетаньяхуйæн бар ратдзæн Аушвицы ссæрибар кæныны 80 азы юбилеймæ ацæуын æмæ йæ нæ ахсдзæн Гаагæйы тæрхондоны ордермæ æнæкæсгæйæ
Польшæ Биньямин Нетаньяхуйæн бар ратдзæн Аушвицы ссæрибар кæныны 80 азы юбилеймæ ацæуын æмæ йæ нæ ахсдзæн Гаагæйы тæрхондоны ордермæ æнæкæсгæйæ

Польшæйы хицауад райста резолюци, кæцы гарантийæ дæтты Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяхуйы «сæрибар æмæ æдас хайадист» Освенцим-Биркенауы лагеры ссæрибар кæныны 80 азы юбилейон мадзæлтты.

Резолюцийы текст Польшæйы хицауады веб-фарсыл рапарахат ис.

Документы ис фыст, цæмæй Освенцимы концлагеры ссæрибар кæныны 80 азы юбилейы фæдыл мадзæлтты Израилы лидерты æдасæй хайадист нымад цæуы «дзуттаг адæмæн кад кæныныл, кæцытæй милуангай минæвæрттæ систы Æртыккаг рейхы æххæстгонд Холокосты амæттæгтæ.”

«Польшæйы хицауад хъусын кæны, цæмæй сифтонг кæндзæн Израилы хистæр минæвæртты сæрибар æмæ æдас хайадист ацы мадзæлтты», – ис фыст документы.

Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2024-æм азы ноябры æхсæнадæмон уголовон тæрхондон Гьазæйы секторы «хæстон фыдракæндтæ æмæ адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндты» тыххæй Биньямин Нетаньяху æмæ Израилы раздæры хъахъхъæнынады министр Йоав Галанты ахсты ордертæ рауагъта.

Польшæ, куыд Ромы Статуты хайадисæг паддзахад, хæсджын у Беньямин Нетаньяхуйы æрцахсын, кæд æмæ уый бæстæмæ бацæудзæн.