Politico – Евроцæдисмæ ног уæнг бæстæтæ гæнæн ис æнæ æххæст хъæлæсæппæрсты бартæй баиу уой
Ног уæнг бæстæтæн сæ бон уыд Евроцæдисмæ бацæуын æнæ æххæст хъæлæсты бартæй. Politico куыд хъусын кæны афтæмæй, æртæ европæйаг дипломат æмæ Евроцæдисы бæрзонд рангы бæрноныл æнцойгæнгæйæ, Евроцæдисы уæнгдзинады фæтк ивды инициативæ нырма дискуссийы фыццаг этапыл ис æмæ йæ хъуамæ сфидар кæной æппæт уæнг бæстæтæ.
Politico-йы информацийæ, инициативæйы идея у уый, цæмæй ног уæнг райса æххæст бартæ, Евроцæдис йæ архайды фæтк куы раивдзæн, цæмæй хицæн бæстæтæн сæ ветотæй пайда кæнын зындæр уа.
Медийы хъусинæгтæм гæсгæ, ацы фæндонæй, Евроцæдисы ауæрæхдæр кæныны фарсылхæцæг бæстæтæ, куыд Австри æмæ Швеци, архайынц ауæрæхдæр кæныны процессмæ ног цард баулæфын, кæцыйы ныртæккæ Венгри æмæ цалдæр æндæр бæстæ æрæхгæдтой.
Политико куыд фыссы, афтæмæй ацы инициативæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæндагыл лæууæг бæстæтæн, куыд Украинæ, Молдовæ æмæ Черногорийæн, фадат раттаид уæнгдзинады льготæтæй спайда кæнын, фæлæ æнæ ветойы барæй, уæнгдзинады фыццаг этапыл.
Медийы информацийæ, ацы идеяйыл ацы рæстæгмæ Евроцæдисы бæстæты æмæ Еврокомисы æхсæн æнæформалонæй ныхас цæуы.