Пъолицæйæгтæ Тбилисы уæлдай стыр бæрц наркотиктæ байстой, кæцыты аргъ, афтæ хуынæг сау базары æртæ милуан ларийы бæрц у
Пъолицæйæгтæ Тбилисы уæлдай стыр бæрц наркотиктæ байстой, кæцыты аргъ, афтæ хуынæг сау базары æртæ милуан ларийы бæрц у

Тбилисы полицийы департаменты кусджытæ 146 пакеты æвæрд наркотик «марихуанæйы» 35 килограмм æрцахстой, кæцыйы иумæйаг аргъ афтæ хуынæг сау базары бæрц у 3 милуан ларийы бæрц.

Ираны Исламон Республикæйы æмбæстаг, 1993 азы гуырд, И.И., æрцахстой,   стыр бæрц наркотикты æнæзакъонæй балхæнын, æвæрын æмæ уæй кæнынæн æххуыс кæныны аххосагæй.

Барадхъахъæнджытæ ахстгонды хæдзары арæзт сæрмагонд æмбæхсæн бынатæй систой  стыр бæрцæй наркотик “марихуана” æмæ наркотик æвæрæн æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ.

Фыдракæндмæ гæсгæ ахæстоны фæбадын 20 азы онг, кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.