«Pfizer»-ы вакцинæ саразынæн бæстæмæ æрластой 50 000 специалон шприцтæ
«Pfizer»-ы вакцинæ саразынæн бæстæмæ æрластой 50 000 специалон шприцтæ, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинацийы процессыл ныхасы рæстæджы загъта.
«Вакцинæтæ балхæдæй уæлдай, министрад æмæ низты контролы центр кусæм уыцы алы хæъугæ æрмæг балхæдыл, кæцы æнæмæнгхъæугæ у вакцинацийы программæйæн. Райстам 50 000 специалон шприц «Pfizer»-ы вакцинæ саразынæн. Ацы шприцæй архайыны фæдыл тренинг ныридæгæн ацыд уыцы медицинон уагдæтты, кæцытæм дæр байуардзысты шприцтæ. Кæ зæгъын æй хъæуы, уæлæмхас фæстауæрц дæр баххæст кæндзыстæм этапгай, уымæ гæсгæйæ, цæмæй кæцы вакцинæ райсдзыстæм æмæ цы типы инъекцион шприцæй архайын хъæудзæнис конкретон вакцинæ саразынæн», – райхъусын кодта Тамар Габуниа.