«Pfizer» æмæ «BioNTech»-ы хъусын кæнынц, цæмæй сæ вакцинæ 5-æй 11 аздзыд кары онг сывæллæттæн дæр æдас у
«Pfizer» æмæ «BioNTech»-ы фидиуæнæй, зæгъгæ иртастытæй фæбæрæги, цæмæй коронавирусы ныхмæ вакцинæ 5-æй 11 аздзыд кары онг сывæллæттæн иммунитет фидар кæны æмæ хъавынц, барлæвæрд райсын АИШ-ы æмæ æнæхъæн Дунейы сывæллæтты иммунизацийы процесс райдаынæн.
Информаци хъусын кæны агентад «ройтер».
Компаниты фидиуæнæй 5-æй 11 азыдз кары онг сывæллæтты æхсæн вакцинæйы клиникон фæлварын вирусыл иммунитеты сæвзæрд фæбæрæг ис дыккаг æмæ æртыккаг фазæйы, кæцы 16-25 азы онг кары цы фæстиуджытæ уыд уыдонимæ фемдзыд ис.
Медийы, компанитыл æнцооййæ куыд фыссынц афтæмæй, иртасæны 2000-æй фылдæр сывæллон иста хайад, кæцытæн компаниты фидиуæнæй, 12 аздзыдæй хистæрдæр кары уæнгтæн цы дозæ арызтой уый æртыккæгæм хай дæттой, дыууæ дозæйы фæрцы. Компаниты æмбарынгæнæнтæм гæсгæйæ, фæстиуæджытæ равдыстой, цæмæй вакцинæ æдас уыдис æмæ нейтрализацигæнæг антибуæртты фидар реакци равдыста.
Уымæй дарддæр ма, компанитæ вакцинæ фæлварынц 2-йæ 5 аздзыд онг æмæ 6 мæйдзыдæй 2 аздзыд карыонг сывæллæтты æхсæн дæр.
Компаниты фидиуæнæй, рафтгæ бæрæгæннæнтæ АИШ-ы хæлцады æмæ хосты агентадмæ, афтæма Европæйы хосты агентадмæ арвыстой æмæ сывæллæтты иммунизацийы процесс райдаынæн уыдонæй барлæвæрдмæ æнхъæлмæ кæсынц.
Дунейы дельта варианты ахæлиуы тыххæй, райрæзтис сывæллæтты инфицирад дæр. АИШ-ы педиатртæм визит 240 процентæй райрæзтис. Компаниты хъусын кæнынц, цæмæй 5-æй 11 азы онг кары сывæллæтты вакцинаци æруадзын æмæ иммунизаци райдаын гæнæн ис фæззæджы вирусæй инфицирады потенцион рæзт фæкаддæр кæна, сæрмагондæй та уыцы бæстæты, кæцы рæтты дæр ахуыр хуымæтæг режимæй райдыдта.