Петро Порошенко, Уæрæсеимæ хæлардзинады аскуыныны фæдыл барамындыл рафыста къух

Украинæйы президент  Петро Порошенко, Уæрæсеимæ  хæлардзинады   аскуыныны  фæдыл барамындыл рафыста  къух.  Уый фæдæл  дзырдæуы  Украинæйы  президенттæм кандидаты  официалон  веб-фарсыл публикацигонд  фидиуæны.

Украинæйы  Бæрзонддæр Радæйы   президенты минæвар   Ирина  Луценко куыд  райхъусын кодта, афтæмæй,   Украинæйы  фæсарæн хъуыддæгты  министрад  æмбæлон  нотæ, Уæрæсейы  Федерацимæ   30  сентябры онг   арвитдзæн,   Радамæ æмбæлон закъоны проект бавдисдзæн.  Бадзырд аскъуыныны  фæдыл  уынаффæ  фæстагмæ растдæр Украинæйы   парламент  хъуамæ рахæсса.

Украинæ æмæ Уæрæсе, хæларады  æмгуыстады  æмæ  партнерады  фæдыл  быдзрыд  1997 азы  31  майы  бафыстой.  Документ  йæ хъуыдыйы  дары  стратегион партнерады æмæ  кæрæдзийы  территорион æнæхъæндзинадæн кад кæнын.