Петро Порошенко æмæ Владимир Зеленскийы дебаттæ 19 апрелы ацæудзысты
Украинæйы президент Петро Порошенко сразы ис Владимир Зеленскийы æнхъарæнимæ, 19 апрелы дебаттæ Киевы стаидионыл саразыны фæдыл. Телекомпани 112-ы эфиры архайæг президент куыд райхъусын кодта афтæмæй, æнæмæнгхъæугæ у зæгъгæ æвзæрстгæнджытæ райсой куыд гæнæн ис афтæ фылдæр информаци æмæ цæттæ у Зеленскиимæ дебаттæм стадионмæ рацæуа.
«Алцыппæт сараздзынæн, цæмæй алы украинаг æмбæстаг, куыд гæнæн ис афтæ фылдæр информаци райса кандидатты тыххæй. Æнæмæнгхъæугæ у æмбæстæгтæ абсолютонæй æмбаргæйæ саразой æвзæрст. Уый тыхæхй 19 апрелы мах стадионыл амбæлдзыстæм» – райхъусын кодта Петро Порошенко.
Бакой уын кæндзыстæм, Украинæйы архайæг президент Петро Порошенко æмæ президенттæм кандидат Владимир Зеленский кæрæдзиимæ нæ разы кодтой 19 апрелы дебатты саразыны рæстæг æмæ бынаты тыххæй.
Владимир Зеленский нырма ноджы 3 апрелы ралæууыд инициативæйæ, цæмæй дебаттæ 19 апрелы 19:00 сахатыл ацыдаиккой, Петро Порошенко дебаттыл разы уыдис, фæлæ дебатты ауадзын куырдта Украинæйы æхсæнадон телеуынынады эфиры.
Уымæй дарддæр ма, Петро Порошенко Владимир Зеленскийы Киевы олимпион стадионмæ дебаттæм 14 апрелы дæр фæсидтис, фæлæ Зеленский дебаттæм нæ рацыд.
Украинæйы преизденттæм æвзæрстыты дыккаг тур 21 апрелы сырæздзæн.