Парламенты премьер-министры хыгъдлæвæрдыл  политикон  дебаттæ  абон адарддæр уыдзæн
Парламенты премьер-министры хыгъдлæвæрдыл политикон дебаттæ абон адарддæр уыдзæн

Премьер-министры хыгъдлæвæрдмæ  хъусын процедурæтæ  парламенты абон адарддæр уыдзæн.

25 июны  пленарон   рабадтыл Ираклий Гъарибашвилимæ  хуъсын  8 сахаты  аххæссыд.  Премьер-министры фарстой  70 депутаты.  Ираклий Гъарибашвили  дзуапп ратта  бæлвырдгæнæг  фарстытæн.  Уый фæстæ  хъуамæ  райдыдтаит  политикон дебаттæ,  фæлæ  парламенты сæрдар Каха Кучъава   райхъусын кодта, цæмæй    алы политикон  къорды  фæнды дебатты  хайад райсын, кæцы йæуæд нал бантыстис, уымæн æмæ  регламентмæ гæсгæйæ  уалдзæгон  сесси хъуамæ  æхгæд æрцæуа  июны фæстаг  майрæмбон, боны 00:00 сахатмæ. Каха Кучъава   райхъусын кодта, цæмæй  28 июны  хуынд уыдаит  уæлрадон  рабадт  æмæ уый тыххæй басидтис  президентмæ.

Депутаттæ паддзахадон гимны фоныл  сыхгæдтой  уалдзæгон сесси.

Процедурæмæ гæсгæ   ма баззадис  политикон  дебаттæ, цы форматы дæр политикон  тыхтæм уыдзæн ралæудты фадат.  Ацы процедурæйы  фæстæ  та, премьер-министрæн  йæ бон уыдзæн  хатдзæгон  ныхасæй  ралæууын.

Гуырдзыстоны парламенты уæлрадон сессийы  рабадт  13:00 сахатыл  райдайдзæн.