Каха Каладзе -  нæ хъавын уыцы телеуынынадæм  бацæуын, кæцытæ цъыф калын æмæ хахуыр хæссынæй дарддæр  ницы аразынц
Каха Каладзе - нæ хъавын уыцы телеуынынадæм бацæуын, кæцытæ цъыф калын æмæ хахуыр хæссынæй дарддæр ницы аразынц

«Гуырдзиаг Бæллиццы» Тбилисы мэртæм кандидат  Каха Каладзе  нæз разы кæны  цыппар  телеуынынадмæ – «Мтаварийы» «Формулайы», «Кавкасиайы»  æмæ «Тв Пирвелийы»  иумæйаг эфиры, дебатты   хайад райсыны фæдыл æнхъарæнимæ.

Уый фæдыл  Каха Каладзе  журналистты фарсты  дзуаппæн  райхъусын кодта, кæцы  цыппар телеканалы  дебатты  Гиорги Гахариайы, Ника Мелиайы æмæ йæхæдæг Каха Каладзейы   хайад райсынмæ æххæссыд.

«Нæ хъавын  ацы  телеуынынадтæм бацæуын  æмæ  уый бамбарын кæнын мæ бон у.  Хъыгагæн  хъуамæ банысан уа, кæцы мæнæн тынг хъыг у,  уымæн  æмæ   никуы  уæ  бафхæрдтон,  никуы ницы ракодтон ахæм  сымах цы хæссут уæ сæрмæ  мæхи æмæ мæ бинонты  кой куы кæнут уæд. Уый тыххæй дæр  мæнмæ гæсгæ,  ахæм телеуынандмæ  бацæуын  нæхъуаджы у, кæцытæ  хахуырхæссын,  цъыф калын, æфхæрынæй  дарддæр ницы  аразынц.  Мæ бинонтæм дæр   бавнæлдтой.  Уый тынг хъыгаг у» –   банысан кодта Каха Каладзе.

Уыимæ иумæ  Каладзе банысан кодта,  цæмæй   зæгъгæ цæттæ у  Тбилисы мэртæм  алы  кандидатимæ дебаттæм  нейтралон  телеуынынады, Æхсæнадон Уацхæссæджы эфиры.

Журналисты фарстыл,  ома оппоненттæ дзурынц, цæвиттон тæрсгæ  кæны, Каладзе дзуапп ратта: «О, раст  уыдон тасæй  ме  уæрджытæ зырзыр кæнынц,  се æстдæс,  кæнæ  æхсæрдæс дæр слæууæд. Цæттæ  дæн нейтралон телеуынынады, «Æхсæнадон Уацхæссæджы»  эфиры   ралæууæд  дебаттæм сеппæт дæр».