Пентагон – АИШ-ы хъахъъхæнынады нымæрдар Гуырдзыстон æмæ Украинамæ визиты рæстæджы бахахх кæндзæн, цæмæй уыдонæн НАТО-ы дуар гом у
АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар Ллойд Остин Гуырдзыстон æмæ Украинамæ визиты рæстæджы бахахх кæндзæн, цæмæй ацы бæстæтæн, НАТО-йы дуар гом у æмæ сæм сиды, сыххæст кæной æнæмæнгхъæугæ ивддзинæдтæ уæнгсуæвынæн хъæугæ квалификаци райсынæн. Уый фæдыл АИШ-ы хъахъхъæнынады уагдоны веб-фарсыл ахæлиугонд информацийы мидæг дзырдæуы.
Пентагоны хъусинагæй, остин хъавы, раргом кæна ацы дыууæ бæстæйæн æххуыс, уыдон цы нывонд ракодтой ацы æрдгæй афтæмæй.
«Нысаниугджын у, банысан уа, цæмæй Гуырдзыстон Афгъанистаны хъæддых фарсхæцыны миссийы, иу удгоймагыл контрибуцийæ лидер кæй æмæ ацы миссийы рæстæджы йын бирæ æфсæддон фæхъуыд» – дзырдæуы информацийы, кæцыйы мидæг афтæдæр банысангонд у, цæмæй «АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары Европæмæ визиты нысан у, бауырнын кæна æмцæдисонты æмæ партнерты, цæмæй уырыссаг агрессийы уавæрты сæ суверенитетмæ Америкæ иузæрдыг у».
Уыимæ иумæ ма, Пентагоны дзурынц, цæмæй Ллойд Остин Гуырдзыстон, Украина æмæ Румынийы лидертæн Сау денджызы æдасдзинады æмæ æртæ бæстæйы æхсæн æмгуыстады стынг кæныныл фæныхас кæндзæн. Министртæ æркæсдзысты НАТО-ы 2030-ы боны фæтк, афтæма, Уæрæсейы æмæ Китайæ цæугæ тасыл.
Ллойд Остин афтæдæр фембæлдзæн Америкаг Контингентимæ. АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар Гуырдзыстонмæ сом æрцæудзæн.