«PCR» тесты негативон дзуаппимæ, Турчы æмбæстæгтæн уыдзæн фадат Гуырдзыстонмæ æрцæуын
Бæстæты ранымадмæ, кæцæй дæр «PCR» тестæй Гуырдзыстонмæ æрцæуы визитор, бамхас уыдзæн Турчы Республикæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава райхуъсын кодта.
«Бæстæты ранымадмæ кæцæй дæр «PCR» тестæй Гуырдзыстонмæ æрцæуы визитор, бамхас уыдзæн Турчы Республикæ, не стыр сыхаг æмæ уырдгæй дæр æнхъæлмæ кæсæм визитортæм фенцондæргонд уагæй. Кæнæ та «PCR» тесты негативон дзуаппимæ æмæ æртыккаг бон та нæ бæстæйы арызт «PCR» тест ауадзынæй. Уый у дзæбæх, ныфсдæттæг информаци куыд бизнесæн, афтæ туризмæн, уымæн æмæ туристтæ нæ сыхаг бæстæйæ кæддæриддæр бирæ уыдысты æмæ нæм бирæ бизнес-визитортæ фæуазæг вæййынц Туркæй» – банысан кодта Турнава.