Павел Герчински - Иуæй-иу рекомендаци сыххæст ис, иннæтыл кусын дарддæр кæны, фæстиуджытыл æнцойæ аргъ скæндзыстæм Гуырдзыстоны прогрессæн
Гуырдзыстоны парламент æнхъæлмæ кæсы æхсæнадæмон организациты аргълæвæрдмæ, дæнцæн Венецийы Комиссийы æмæ «Одир»-æй. Куыст дарддæр кæны. Фæстиуджытыл æнцойæ аргъ скæндзыстæм Гуырдзыстоны прогрессæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински фехъусын кодта.
Минæвары дзырдæй, парламенты сæрдар, Шалва Папуашвилиимæ Еврокомиссийы 12 рекоменадцийы сыххæсты фарстайыл фæныхас кодта.
«Ноджы та дæн Гуырдзыстоны парламенты, уыдис мын фембæлд Шалва Папуашвилиимæ. Афæдзы райдайæны мах фæныхас кодтам 12 хæсисты сыххæсты процессыл. Бæрæг куыд у афтæмæй, иуæй-иу приоритеттæ сыххæст сты, иннæтыл дар кусын дарддæр кæны. Гуырдзыстоны парламент æнхъæлмæ кæсы æхсæнадæмон организацитæй аргълæвæрдмæ, дæнцæн – Венецийы Комиссийæ æмæ «ОДИР»-æй. Куыст дарддæр кæны. Фæстиуджытыл æнцойæ аргъ скæндзыстæм Гуырдзыстоны прогрессæн. Уый Еврокомисси публикаци скæндзæн октябры æмæ стæй евроцæдисы уæнг паддзахадтæ фæуынаффæ кæндзысты фæстиуджытыл, фидæны къахдзæфтыл. Афтæмæй, тынг хъуыддагджын афæдз нын уыдзæн. Æргомзæрдæйæ æнтыстыты арфæтæ зæгъымæ зæрдæ Гуырдзыстонæн æмæ гуырдзиаг политиктæн», – райхъусын кодта Герчински.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар ныфс равдыста, ома Гуырдзыстон æнтыстджынæй фæуыдзæн Еврокомиссийы рекомендацитыл кусын æмæ фæстиуæг уыдзæн позитивон.
«Евроцæдис у организаци, кæцыйы иугонд сты 27 бæстæ. Организацийы алы уæнг хæдбар у сæрмагонд позици равдисыны. Евроинтеграцимæ фæндагыл Гуырдзыстоны прогрессæн фыццаг хатт октябры уыдзæн аргълæвæрд Еврокомиссийы æрдгæй, стæй та уый организацийы 27 уæнг иумæ æркæсдзысты афæдзы кæрон. Уый уыдзæн момент, уæнг падздахадтæ куы хъуамæ æрныхас кæной æмхъæлæсонæй, цы дзуапп раттой Гуырдзыстоны фæндонæн, Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл. Цæуы куыст æмæ ныфс дарæм, цæмæй ацы куыст афæдзы кæрон, позитивон фæтисуджытæй фæуыдзæн», – райхъусын кодта минæвар.