Павел Герчински -  Иуæй-иу рекомендаци  сыххæст ис, иннæтыл кусын дарддæр кæны, фæстиуджытыл æнцойæ  аргъ скæндзыстæм  Гуырдзыстоны прогрессæн
Павел Герчински - Иуæй-иу рекомендаци сыххæст ис, иннæтыл кусын дарддæр кæны, фæстиуджытыл æнцойæ аргъ скæндзыстæм Гуырдзыстоны прогрессæн

Гуырдзыстоны парламент æнхъæлмæ кæсы  æхсæнадæмон  организациты  аргълæвæрдмæ, дæнцæн Венецийы Комиссийы æмæ  «Одир»-æй.  Куыст дарддæр кæны.  Фæстиуджытыл æнцойæ  аргъ скæндзыстæм  Гуырдзыстоны прогрессæн, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар   Павел Герчински   фехъусын кодта.

Минæвары дзырдæй,  парламенты сæрдар, Шалва Папуашвилиимæ  Еврокомиссийы 12 рекоменадцийы сыххæсты фарстайыл  фæныхас кодта.

«Ноджы та  дæн  Гуырдзыстоны  парламенты, уыдис мын фембæлд  Шалва Папуашвилиимæ.  Афæдзы райдайæны  мах фæныхас кодтам  12  хæсисты  сыххæсты процессыл.  Бæрæг куыд у афтæмæй,   иуæй-иу приоритеттæ  сыххæст сты,  иннæтыл  дар  кусын дарддæр кæны.  Гуырдзыстоны  парламент æнхъæлмæ кæсы  æхсæнадæмон  организацитæй аргълæвæрдмæ, дæнцæн – Венецийы Комиссийæ æмæ  «ОДИР»-æй.  Куыст дарддæр кæны. Фæстиуджытыл  æнцойæ аргъ скæндзыстæм Гуырдзыстоны прогрессæн. Уый Еврокомисси  публикаци скæндзæн октябры  æмæ стæй  евроцæдисы  уæнг  паддзахадтæ  фæуынаффæ кæндзысты фæстиуджытыл, фидæны къахдзæфтыл.  Афтæмæй,  тынг  хъуыддагджын  афæдз нын уыдзæн.  Æргомзæрдæйæ  æнтыстыты  арфæтæ   зæгъымæ  зæрдæ  Гуырдзыстонæн æмæ гуырдзиаг  политиктæн», –  райхъусын кодта Герчински.

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар ныфс  равдыста, ома Гуырдзыстон æнтыстджынæй  фæуыдзæн    Еврокомиссийы рекомендацитыл кусын  æмæ фæстиуæг  уыдзæн  позитивон.

«Евроцæдис  у организаци, кæцыйы иугонд сты 27 бæстæ.  Организацийы  алы уæнг  хæдбар у  сæрмагонд позици равдисыны.  Евроинтеграцимæ фæндагыл  Гуырдзыстоны  прогрессæн   фыццаг  хатт октябры  уыдзæн аргълæвæрд Еврокомиссийы æрдгæй, стæй та  уый организацийы 27  уæнг   иумæ  æркæсдзысты  афæдзы кæрон.  Уый уыдзæн  момент, уæнг падздахадтæ  куы хъуамæ æрныхас кæной  æмхъæлæсонæй, цы дзуапп раттой Гуырдзыстоны  фæндонæн, Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл.  Цæуы  куыст æмæ  ныфс дарæм, цæмæй  ацы куыст афæдзы кæрон, позитивон   фæтисуджытæй фæуыдзæн», –  райхъусын кодта минæвар.