Павел Герчински - Гуырдзыстон æнæиухатт равдыста фæндон, цас нысаниуæнгджын у прогресс, расттæрхоны æмæ пробацийы системæйы фæхуыздæр, социалон сервисты уæвынад
Абоны мадзал у фантастикон фадат цæмæй раргом кæнæм уыцы прогресс, кæцымæ æрцыд Гуырдзыстон тугтæрхоны барады расттæрхоны æрдгæй, фантастикон фадат у, кæрæдзийæн фæхай кæнæм информаци æмæ фæныхас кæнæм фадæттыл – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински райхъусын кодта.
Павел Герчински конференцийыл «тæрхонмæ лæвæрдты æмæ пробационерты реабилитацийы æмæ ресоциализацийы процессы уæвæг инновацитæ» дзырдæй ралæуды рæстæджы куыд райхъусын кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны зæгъгæ тынг бирæ реформæ сыххæст ис.
«Гуырдзыстон æнæиухатт равдыста уый фæндон, цææмй цас нысаниуæгджын у прогресс, цас нысаниуæгджын у расттæрхоны, пробацийы системæйы, социалон сервисты уæвынад, фæхуыздæр, куыд пробацийы, афтæ æфхæрдæххæстгæнæн уагдæтты. Уый у бындур, ресоциализацийы, реабилитацийы æмæ æфхæрды аккаг уавæрты арвитыны æрдгæй æлхынцъаг практикæ. Мах хъуамæ адарддæр кæнæм кусын ацы æрдæмадæй, ма хъуамæ уа урæд куыст уымæн цæмæй уæвæг, баззагæ расидтытæ æмæ проблемæтæ иумæ алыг кæнæм, цæмæй бантыса ахстæй æфхæрды бæрæггæнæны фæкъаддæр Гуырдзыстоны æмæ уа æнæхастæй æфхæрдæй архайыны фылдæр практикæ, уымæн æмæ Гуырдзыстон у лидер æмæ фондз бæстæйы нымæцы, кæцы бæстæты ахстæй æфхæрды практикæйы бæрæггæнæн у сеппæтæй бæрзонддæр. Уымæ æмбæлгæйæ, ныфс дарын, цæмæй пробацийы системæ стынг уыдзæн, цæмæй Евроцæдисы стандарттæ æххæстаргъджынæй æрфидар уа. Евроцæдисы минæварад адарддæр кæндзæн æххуыс кæнын Гуырдзыстоны æфхæрдæххæстгæнæн системæйы ратйынг кæныны. Мах иумæ, иумæйаг тыхтæй сараздзыстæм гармонизацигонд системæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр æнæниз æмæ æнтыстджын дзыллæ» – райхъусын кодта минæвар.