Павел Герчински – иуæй-иу гæнæн мадзал сты санкцитæ, фæлæ ацы рæстæгмæ ницы бадзырд ис уый фæдыл
Иуæ-иу гæнæн мадзал сты санкцитæ, фæлæ ацы рæстæгмæ ницы бадзырд ис, æмуддзинад дæр нæй Гуырдзыстоны искæмæн исты уромæг мадзæлттæ скæныныл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински райхъусын кодта.
«Иумæнæбадгæ у, цы нын дзурынц æмæ цы аразынц Гуырдзыстоны, уый. Иу æрдгæй ис бирæ дзырд уый фæдыл, цæмæй Гуырдзыстон цымидисджын у суа Евроцæдисы уæнг. Иннæрдгæй та ист сты закъонтæ, кæцытæ йæ ныхмæ сты, иумæнæбадгæ сты Евроцæдис цы хъахъхъæны, уыимæ. Растдæр уый тыххæй загътой Ервопаг лидертæ, цæмæй не мбарынц Гуырдзыстоны хицауаджы æцæг позици æмæ раздæхтысты Гуырдзыстоны хицауадмæ уый райхалынæн, цæмæй цы у сæ реалон фæнд. Иурæстæгон ахицæн кодтой бауромын Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны процесс.
Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындты дзуаппæн, Евроцæдисы лидертæ ахицæн кодтой бауромой Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны процесс. Евроцæдисы лидертæ афтæдæр аскуыддзаг кодтой арæн скæнын хицауады комкоммæ финансон æххуыс æмæ фылдæр хъусдард раздахой æмбæстагон дзыллæ æмæ медиайæн фарсхæцынмæ. Ныридæгæн куыд загътон, фыццаг хъыгаг амæттаг у нæ фарсхæцын Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæн. Европæйы сабырадон фонды 30 милуанон æххуыс, кæцы Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæн æххуысæн æрцæттæ кодтам, урæд æрцыд. Ис æндæр гæнæн мадзæлттæ, кæцытæ æрцæттæ кодтам. Хъусдардæй кæсæм уавæрмæ. Иуæй-иу гæнæн мадзал сты санкцитæ, фæлæ ацы рæстæгмæ ницы бадзырд ис, æмуддзинад дæр нæй Гуырдзыстоны искæмæн исты уромæг мадзæлттæ скæныныл.ахæм æвæццæгæнад ис фидæны, фæлæ ацы тæккæ афтæ нæу», – райхъусын кодта Павел Герчински.
Уыимæ Герчински куыд банысан кота афтæмæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны фидæны хицауад хъуамæ аскуыддзаг кæна йæ политикæ Евроцæдисмæ гæсгæ.
«Гуырдзиаг адæм хъуамæ равдисæт йæ фидæны хицау æмæ Гуырдзыстоны фидæны хицауад хъуамæ аскуыддзаг кæнæд йæ политикæ Евроцæдисмæ гæсгæ. Куыд Евроцæдис мах ам стæм Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы тыххæй. Гуырдзыстон кандидат бæстæ у æмæ кæд фидæны хицауад интересджын у Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвынæй, уæд цæттæ стæм алыгъуызонæй баххуыс йын кæнæм, фæлæ гуырдзиæгтæ хъуамæ равдисой ног хицауад, æмæ ног хицауад та равдиса йæ æрдæмад æддагон политикæйы. Уыцы цауы кæд æмæ фидæн хицауад нæ уыдзæн интересджын Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвынæй, кæй зæгъын æй хъæуы, мах бакусдзыстæм Гуырдзыстонимæ æмæ нын уыдзæн дыууæфарсонæй пайдаджын ахастытæ афтæ, цæмæй Гуырдзыстон фидæны уæнгыл нымад нал цæудзæн. Афтæ кусæм сыхаг бирæ бæстæимæ, Тунисимæ, Азербайджанимæ, Хъазахимæ. Афтæмæй 26 октябры Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиæгты аскуыддзаг кæнинаг у, фæнды сæ æви нæ Евроцæдисы уæнгдзинад, – фæнды уой фидæны стыр ауæрæхы хай æви сын æндæр плантæ ис сæ аив бæстæйæн», – банысан кодта Герчински.