Павел Герчински – фараст къахдзæфы сыххæст нысан нæу, «Брюсселы зæрдæмæдзæугæ уа», сæ нысан у цæрджыты цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ Евроцæдисы стандарттимæ æрыввахс
Фараст къахдзæфы сыххæст скуыддзаггæнæг у Гуырдзыстоны дарддæры этапмæ ахизынæн, кæцы Евроцæдисы уæнгсуæвыныл бадзырдтæ байгом кæнын дары йæ хъуыдыйы, алы ацы къахдзæфы æмæ этапы нысан у, ма уа «Брюсселы зæрдæмæдзæугæ», – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински райхъусын кодта, кæцы социалон медиайы фæрцы Гуырдзыстоны æмбæстæгты фарстытæн сдзуапп кодта.
Минæвары фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстонæн Евроцæдисы кандидаты статус, фыццаджы дæр у Гуырдзыстоны цæрджытæ сæ европаг фидæнимæ фидар разыдзинады банымад, Гуырдзыстоны фидæн Евроцæдисы цалдæр нысаниуæгджын къахдзæфы, бæрæг фараст къадзæфы сыххæстимæ у баст.
«Уымæн, цæмæй Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл слæууыд, политикон лидертæ конструктивонæй иумæ хъуамæ бакусой, баиу кæной æмбæстагон дзыллæ æмæ бизнес Гуырзыстоны цæрджыты Европаг тырнынады сыххæст кæнынæн. Бауырнæт уæ, цæмæй Евроцæдис ацы фæндагыл алы къахдзæфы Гуырдзыстонæн бахуыс кæндзæн. Евроцæдисы аргъдзинæдтæн уæ фарсдарыны равдыст размæ цæуæг фæндаг у. Закъоны сæйрагдзинад æмæ адæймаджы бартæ хъуамæ уа Гуырдзыстоны компас Евроцæдисы уæнгсуавыны фæндагыл», – райхъусын кодта минæвар.