Павел Герчински – фараст къахдзæфы  сыххæст нысан нæу,  «Брюсселы зæрдæмæдзæугæ уа», сæ нысан у цæрджыты  цæрæн уавæртæ  фæхуыздæр кæнын æмæ  Евроцæдисы стандарттимæ æрыввахс
Павел Герчински – фараст къахдзæфы сыххæст нысан нæу, «Брюсселы зæрдæмæдзæугæ уа», сæ нысан у цæрджыты цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ Евроцæдисы стандарттимæ æрыввахс

 

Фараст къахдзæфы сыххæст   скуыддзаггæнæг у Гуырдзыстоны дарддæры этапмæ  ахизынæн, кæцы  Евроцæдисы  уæнгсуæвыныл  бадзырдтæ байгом кæнын  дары  йæ хъуыдыйы, алы  ацы  къахдзæфы  æмæ этапы нысан у,  ма уа   «Брюсселы зæрдæмæдзæугæ», –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар  Павел Герчински  райхъусын кодта, кæцы  социалон медиайы  фæрцы  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  фарстытæн сдзуапп кодта.

Минæвары  фидиуæнæй,   зæгъгæ  Гуырдзыстонæн  Евроцæдисы  кандидаты статус, фыццаджы дæр  у  Гуырдзыстоны  цæрджытæ  сæ  европаг   фидæнимæ фидар разыдзинады  банымад, Гуырдзыстоны  фидæн Евроцæдисы  цалдæр  нысаниуæгджын къахдзæфы,  бæрæг фараст  къадзæфы  сыххæстимæ у баст.

«Уымæн, цæмæй Гуырдзыстон  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны фæндагыл слæууыд,   политикон лидертæ   конструктивонæй  иумæ хъуамæ бакусой,  баиу кæной   æмбæстагон дзыллæ æмæ бизнес  Гуырзыстоны  цæрджыты   Европаг   тырнынады  сыххæст кæнынæн.  Бауырнæт уæ, цæмæй Евроцæдис  ацы фæндагыл алы къахдзæфы Гуырдзыстонæн  бахуыс кæндзæн.  Евроцæдисы аргъдзинæдтæн уæ фарсдарыны равдыст   размæ  цæуæг  фæндаг у.  Закъоны сæйрагдзинад æмæ адæймаджы  бартæ  хъуамæ уа   Гуырдзыстоны  компас   Евроцæдисы  уæнгсуавыны фæндагыл», –  райхъусын кодта  минæвар.