Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы, Мцхета-Тбилисы сæйрагепископы, Бичъвита æмæ Цхум-Абхазы митрополиты,
Илья Дыкагы
Куадзæнон эпистолæ
Эпистолæйы сæры Патриарх бакой кодта адæмæн Чырыстийы сæгасы истори æмæ уыцы фæзынды нысаниуæг æппæт чырыстон дины æмæ бахахх кодта цæмæй Чырыстийы Сгъдæг Аргъуаны нæ абырсдзысты зындоны тыхтæ.
Патриарх йæ хъусдард раздæхта дун-дунейы æппæтыкæройнаг боныл, кæцыйы бьæлвырд афоны тыххæй нæ зонынц зæдтæ дæр, фæлæ Сын Дунесфæлдисæг йæ размæлгъау амындтæ радта.
Илья Дыккаг аргъуанмæ бацæуæг дзыллæйæн бакой кодта Содом æмæ Гоморрайы историйы тыххæй. Æгæрон æнæуагдзинад æмæ аморалондзинадæй афтæ смæсты кодтой Хуыцауы., цæмæй сæ скуынæг кæнын ахицæн кодта.
«Уый тыххæй дæр, алцыппæт баст у уыйыл, цахæм уыдзæн уæ уарзондзинад æмæ уæ уырнынад: уымæй бæрæг у æнæ æрмæст уæ хисрæмагонд фидæн, фæлæ ма бæстæйы æмæ дунейы дæр»- банысангонд у эпистолæйы.
Эгоизмыл фæтыхуыны æмæ раст удон рæзты амонæг у уый дæр æмæ цахæм ахаст дарæм нæ фыдыбæстæмæ.
Абоны реалондзинад у ахæм, æмæ ацы æрдæм æххæст цæуынц лæбурдтытæ цалдæр хуызы: иутæн æнцой дарынц æддаг тыхтæ æмæ дзы цырын кæнынц сепаратистон ахаст æмæ æвзæрын кæнынц бæстæ ныддихтæ кæныны теорий: иннæтæ парахат кæнынц æнæ раст арæдмадтæ патриотизмæй æмæ ацы ныхасæн йæ миниуæг фыдуынд кæнынц: иннæтæ та нын иуæмйаг адæймагадон хæзнаты кой кæнынц æмæ патриотизм та нымайынц фæстæзадæй.
«Гуырдзиæгтæ, абхазæгтæ, ирæттæ, бердзенæгтæ, украинæгтæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, дзуттæгтæ, азербайджайнæгтæ, удинтæ æмæ езиддæ, курдæгтæ, мæхъæлæттæ, кæсгонтæ, цæцæйнæгтæ, кистæгтæ, Гуырдзыстоны цæрджытæ иууылдæр, не мбæстонтæ, кæцытæ цæрынц фæсарæнты Арфæ уын кæнын Куадзæны Рухс бæрæгбон! Байрайут!»