Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы Куадзæнон  эпистолæ
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы Куадзæнон эпистолæ

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриархы, Мцхета-Тбилисы  сæйрагепископы, Бичъвинта  æмæ Цхум-Абхазы  митрополиты,

Илья Дыккагы

Куадзæнон  эпистолæ:

 

Ранæуæгы  æмæ  фервæзты, царды æмæ  цины, ныфсы æмæ  Хуыцаумæ  сабырдзинад æрхæссæг ацы   стыр бон, цæй    зæгъын æй хъæуы  æгъуыз кæны уыцы фыдбон, кæцы  ныр нæ бæстæ æмæ  æппæт дуне  куы æрыййæфта.

Æнахуыр уавæр æрлæууыд,  адæймæгтæ, иуы æрдгæй,  ссиу  сты  цардæн тæссаг   иумæйаг  тасы  ныхмæ  æмæ   аы  рæстæджы,  сæхи сæхгæдтой сæрмагонд   бæстæты, сæ горæтты æмæ хъæуты, сæрмагонд  хæдзæртты.  Фæзындис сæм   фадат  ахъуыды  кæнын æмæ  рахатыдысты уыцы  реалондзинад, ома  бирæ  цыдæр бынтон  æрбайсæфта йæ  нысаниуæг, знон иттæг нысаниуæгджын  цы нымадтой  ахæм.  Уый адыл  раззаг пъланмæ   ралæууыд ардæмадтæ,  раздæр  къаддæр хъусдард цæуыл  уыд ахæм.  Уымæй  уæлдай ма,  паддзахадтæ  хæдифтонгады æнæмæнгхъæуындзинад ауыдтой  æмæ  æндæртыл бастдзинад ныр  пайдаджын кæй  нал  у уый.

Алы  бæстæйæн,  сæ нымæцы  Гуырдзыстонæн дæр,  сæйраг  рардæй ссис  бынæттон  амалиуæгад æмæ  хъæууон хæдзарады  сæндидзын кæнын.

Хъуамæ  загъдæуа  уый дæр  æмæ  ног вирусы  проблемæ   планетæйы  цæрджыты фылдæр хайы æхсæн  стыр тас сæвзæрын кодта  æмæ сæ бакаст  Хуыцауы æрдæм раздæхта.

Ма хъуамæ фæтæрсæм   абон фыдæбонæй, чырыстон  проблемæты  райсы  арфæгæнгæйæ  æмæ  алцæй мидæг дæр уыны  Хуыцауы бар, æмæ афтæмæй  архайы  уæвæг  уавæрæй  рацæуæн  бацагурын.

Хуыцауы  руаджы,  Гуырдзыстоны   аргъуанмæ цæуæг  адæмимæ  иумæ  аргъуаны куывд урæд не рцыд, нæдæр  Куадзæны æхсæв.  Хауыцауы  руаджы,  дохтырты  æххуысæй  хицауады  архайдæй  æмæ  цæрджыты  стыр бæрнæй,   пандеми  махмæ  стыр   проблемæтæ  нæ  расайдта.  Хуыцау  зæгъæнт  æмæ зындзимнæдтæ фидæны  дæр куыд ма  сæвзæрой  æмæ  Гуырдзыстон æмæ  Дуне дæр куы  фервæза  ацы  мастæй  уыцы  амонд нын уæнт.

Нæу  мæ бон   бузныг ма зæгъон  нæ  адæмæн,  кæцы  æгъдау диссаджы хъахъъæнгæйæ  æмæ  рекомендацигон  нормæтæй, уазалы, дымгæйы, къæвдайы  рæстæджы дæр, сæхи нæ иуварс кодтой  куывдмæ  æрбацыдæй  æмæ  сахатгай  лæууыдысты æддæйæ.

Райгасуæвæг Цардæттæг уын   фарн  æмæ цин куыд  схорзæх  кæнæт сымах æмæ уæ  бинонтæн  уыцы  амонд уæ уæнт!

Фæнды мæ афтæдæр раарфæ кæнын  уыцы  карджын  æмæ  тыхсаст адæмæн, чидæриддæр сæ хæдзæрттæй  махимæ иумæ   куывдтой æмæ кувынц  ныр дæр.

Арфæ кæнын  Абхаз æмæ  Цхинвалы Регионы цæрджытæн!.

Арфæ  кæнæм  фæсарæнты  уæвæг  нæ  аргъуанархайæг  уæнгтæн æмæ  æмбæстæгтæн, зонут,  дæрццæг æмæ  арæнтæ  нæ  кæрæдзийæ   нæ  адард кæндзысты, мах  арфæ  кæнæм  сымахæн, сымах  та арфæ кæнут махæн æмæ афтæмæй  стæм иумæ.

Чырыстийы Райгасы  Æрттивгæ  бæрæгбон  афтæдæр арфæ кæнын, бердзейнæгтæн, украинæгтæн, уырыссæгтæ, сомихæгтæн,  дзуттæгтæн, азербайджайнæгтæн, удинæгтæн, йезидтæн, курдæгтæн, мæхъæлæн,  черкесæгтæн, цæцæйнæгтæн, лекъæгтæн, Гуырдзыстоны  алы  цæрæгæн æмæ  нæ арæнты æддæйæ  нæ  æмбæстонтæ  чи сты  уыдон æппæтæн дæр.

Арфæ  кæнæм алы Чырыстонæн  æмæ Чырыстийы   номæн чи кад  кæны  алкæмæн!

Чырысти Райгас!

Æцæгæй Райгас! Гуырдзыстон, тынг дæ Уарзын!

Уарзондзинадæй  сымахæн кувæг,

Илья II
Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх.