«Паспортон индекс 2026»-мæ гæсгæ, сеппæтæй тыхджындæр паспортты номхыгъды Гуырдзыстон дунейы 33-æм бынатыл ис
«Passport Index- 2026»-мæ гæсгæ, сеппæтæй хъомысджындæр паспортты ранымады Гуырдзыстон, дунейы 33-æм бынатыл ис, уый нысан кæны, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæ бон у 133 бæстæмæ æнæвизæйæ, кæнæ та фæнцойгонд процедурæйæ бацæуой.
Уыдонæй æмбæстæгтæ 79 бæстæмæ бынтондæр æнæвизæйæ бацæуынц, 50 бæстæйы визæ райсынц аэропорты, цыппар бæстæйæн та хъæуы электрон барлæвæрд. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн визæ хъæуы 65 бæстæмæ бацæуынæн, се æхсæн АИШ, Япони.
Уыцы рейтингы 2023-2024 азты Гуырдзыстон 135 бæстæмæ æнæвизæйæ бацæуыны æрдгæй 32-æм бынатыл ис.
Гуырдзыстон 2022-æм азы ахæм рейтингы 34-æм бынатыл уыд, 2021-æм азы та – 35-æм бынатыл.
Уымæй дарддæр ма, 2017-æм азы рейтингы Гуырдзыстон 45-æм бынатыл уыд.