Фæнды мæ зæгъын нæ ирон хотæн æмæ æфсымæртæн, не æмбæстонтæн, Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы, оккупацигонд территорийыл чи цæры, уыдонæн – кæцы фæнды моменты, æнæхъæн хъуыдийы дæргъы, фæнды æхсæв фæнды бон, кæддæриддæр цæттæ стæм, кæцыфæнды адæймагæн, кæйдæриддæр медицинон кæнæ æндæр исты типы лæггад бахъæудзæн, мах баххуыс кæндзыстæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Арчил Талакъвадзе райхъусын кодта.
«Сарызтам инициативæ, «Къахдзæф Хуыздæр Фидæны æрдæм» кæцыйæ афтæдæр бæлвырдæй æнхъарæм бизнесфæрæзты, ахуырады, балцы æмæ социалон кæнæ æнæнизхъахъхæды программатæйы пайда кæнын. Ахæм у нæ ахаст не мбæстонтæм æмæ ай у нæ политикъон ахаст, фидæны куыд гæнæн ис ацы конфликт кæрон скæнын æмæ Гуырдзыстон сæндидзын кæна йæ территорион æнæхъæндзинад. Цыдæриддæр та де-факто хицауады минæвæрттæм æмæ Уæрæсейы Федерацимæ æххæссы, кæцы бæрнон у оккупацийыл, сæ ахаст адæймæгтæм бирæ хæттыты фæбæрæг ис, адæймæгты æнæзакъонон ахст куы цыд, скъæфтытæ, марындзинады цаутæ. Нæ зæрдыл лæууы Татунашвилийы трагикон цау, Отхозориайы трагикон цау. Уыдоныл реагирдзинад нын уыд æмæ ацы темæтæ кæддæриддæр лæудзысты боны фæткы» – банысан кодта Арчил Талакъвадзе.
Парламенты сæрдары дзырдæй, æрлæудзæн афон, Гуырдзыстоны территорийыл Уæрæсейы арызт æнæзакъонон телтæй æмбондты сис æнæмæнгæй куы ныппырх уыдзæн.
«Ацы бонты, уыдон асджын адæймагæн куы нæ раттой фадат, медицинон лæггад райсын æмæ абон дæр иуæй-иу пациентæн уый фадат куы нæ дæттынц, уыцы митæй бæрæг у сæ ахаст адæймæгты æмæ адæймаджы барты æрдæм. Ацы цаутæй ноджы иу хатт фæбæрæг ис цы уавæр ис реалонæй оккупацигонд территоритыл. Фæлæ стыр рæстæг нæ аххæсдзæн. Йæ афоныл Берлины ъкул куыд ныппырх ис, афтæ кæддæр ныппырх уыдзæн Гуырдзыстоны территорийыл Уæрæсейы Федераци телтæй цы æнæзакъонон æмбондты сис сарызта уый æмæ Гуырдзыстон фæстæмæ ссиу уыдзæн» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар.