Парламенты  сæрдары сидт абхазæгтæм æмæ ирæттæм
Парламенты сæрдары сидт абхазæгтæм æмæ ирæттæм

Фæнды мæ зæгъын нæ  ирон хотæн æмæ æфсымæртæн,  не  æмбæстонтæн, Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы, оккупацигонд  территорийыл  чи цæры,  уыдонæн –  кæцы фæнды  моменты,  æнæхъæн хъуыдийы  дæргъы,  фæнды æхсæв  фæнды бон,  кæддæриддæр цæттæ стæм, кæцыфæнды адæймагæн, кæйдæриддæр  медицинон  кæнæ æндæр  исты типы  лæггад бахъæудзæн,  мах  баххуыс  кæндзыстæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты  сæрдар,  Арчил Талакъвадзе  райхъусын  кодта.

«Сарызтам инициативæ, «Къахдзæф  Хуыздæр Фидæны æрдæм»  кæцыйæ афтæдæр  бæлвырдæй  æнхъарæм  бизнесфæрæзты,  ахуырады, балцы  æмæ   социалон  кæнæ æнæнизхъахъхæды   программатæйы  пайда кæнын.  Ахæм у нæ ахаст  не мбæстонтæм æмæ ай  у  нæ  политикъон ахаст, фидæны  куыд гæнæн ис  ацы  конфликт кæрон скæнын  æмæ  Гуырдзыстон сæндидзын кæна  йæ  территорион æнæхъæндзинад. Цыдæриддæр та  де-факто  хицауады  минæвæрттæм  æмæ Уæрæсейы  Федерацимæ  æххæссы,  кæцы  бæрнон  у оккупацийыл,   сæ  ахаст  адæймæгтæм бирæ хæттыты  фæбæрæг ис,  адæймæгты æнæзакъонон ахст  куы  цыд, скъæфтытæ,  марындзинады  цаутæ.  Нæ  зæрдыл лæууы Татунашвилийы  трагикон   цау, Отхозориайы  трагикон цау. Уыдоныл реагирдзинад  нын уыд æмæ ацы темæтæ  кæддæриддæр лæудзысты боны фæткы» –  банысан кодта Арчил Талакъвадзе.

Парламенты сæрдары дзырдæй,   æрлæудзæн афон, Гуырдзыстоны  территорийыл   Уæрæсейы  арызт æнæзакъонон  телтæй  æмбондты сис  æнæмæнгæй  куы  ныппырх уыдзæн.

«Ацы  бонты,  уыдон асджын адæймагæн куы  нæ раттой  фадат, медицинон  лæггад райсын  æмæ абон дæр  иуæй-иу  пациентæн уый фадат куы нæ дæттынц,  уыцы митæй  бæрæг у  сæ  ахаст  адæймæгты æмæ  адæймаджы барты  æрдæм.  Ацы  цаутæй  ноджы  иу хатт фæбæрæг ис  цы уавæр ис  реалонæй оккупацигонд территоритыл.  Фæлæ  стыр рæстæг  нæ аххæсдзæн.  Йæ  афоныл Берлины  ъкул куыд ныппырх ис, афтæ  кæддæр  ныппырх уыдзæн  Гуырдзыстоны территорийыл   Уæрæсейы  Федераци  телтæй  цы  æнæзакъонон  æмбондты  сис  сарызта   уый æмæ Гуырдзыстон  фæстæмæ  ссиу уыдзæн» –  райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар.