«Ма Бандиу!» – ацы слоганæй, акци цæуы парламенты раз, Руставелийы проспектыл.
Акцийы организатортæ «Сирцхвилиа»-йы активисттæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй, парламентон кастытæй фæбæрæг ис, цæмæй 2020 азы æвзæрстыты пропорцион æгъдауæй ауадзын тасы раз æрлæууыд.
«Сирцхвилиайы» уæнгтæ хицаугæнæг къордмæ сидынц, цæмæй сæхимæ цы хæстæ райстой уыдон сæххæст кæной æмæ сæ ныфс ма бахæссой закъонопроект фæкъуыхцы кæнын.
Афтæдæр сæ фидиуæнæй, пропорцион æвзæрстытæ, иунæг депутатты нæ фæлæ адæмы фæнд сты.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, «Гуырдзиагш Бæллиццы» депутатты арызт фидиунты фæстæ, тынг стыр гуырысхо фæзынд, цæмæй гæнæн ис «Гуырдзиаг Бæллицц» сæ инициргонд пропорцион æвзæрстыты æрбайсыны инициативæ фæкъуыхцы кæна. Рацыдыстæм цæмæй нæ сæйраг æнтыст бахъахъъæнæм, пропорцион æвзæрстытæ, кæцы тыгнш стыор прогресс ъуамæ уа нæ бæстæйæн» – райхъусын кодта «Сирцхвилиайы» иуæй-иу минæвар Гига Макарашвили.