Парламенты «министры сахаты» форматы 22 сентябры хъусдзысты Теа Цъулукианимæ, 23 сентябры та Зураб Азарашвилимæ байхъусдзысты
Парламенты, «министры сахаты» форматы 22 сентябры, вице-премьер, культурæ, спорты æмæ фæсивæдон хъуыддæгты министр Теа Цъулукианимæ хъусдзысты. 23 сентябры та интерпеляцийы уагæй, депутатты фарстытæн дзупп дæтдзæн Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Зураб Азарашвили.
Фæнысангонды тыххæй, абон бюройы рабадтыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фехуъсын кодта.
Папуашвилийы дзырдæй, зæгъгæ парламентаритæм ис фарстытæ фæсарæн хъуыддæгты æмæ æнæнизхъахъхъæды министртæм. Фæлæ уыдон сты Ино-йы генералон ассамблнейы рабадтыл.
«Уымæ гæсгæ дæр объектон аххосæгты тыххæй, нæ бауыдзæн сæ бон майрæмбон рацæуын, æмæ ацы интерпелляци æргъæвд æрцæудзæн иннæ интерпелляцийы бонмæ, сæрмагондæй та ноябры фæстаг сессион къуырийы майрæмбонмæ, кæцы уыдзæн 18 ноябры», – райхъусын кодта Папуашвили.