Парламенты цур  протестон акци цæуы  [фото]
Парламенты цур протестон акци цæуы [фото]

Руставелийы проспектыл  парламенты цур   медийы минæвæртты  протестон акци  цæуы.

Акцийы  хайадисджытæ  оператор Лексо  Лашкаравайы  мæлæты фактыл фæдагуырд  æмæ  премьер-министры куыстуæгъд домынц.

«Фæнды мæ  Лексойæн раттон дзырд, ацы  хъуыддаг кæронмæ бьакæндзыстæм.  Ницы срухс кæндзыстæм Лексойы  мæлæтæй дарддæр. Лексо  мах ацы  хъуыддаг  кæронмæ бакæндзыстæм. Профессион куысты  нæ сæруæлдай  коллегæйæн  къухæмдзæгъд скæнæм,  ацы  æнаккæтæн, ацы  фыдракæнд чи сæххæст кодта,  равдисæм  цасæй стæм. Алцыппæт  уæ ныфс бахастат,  цы уæ бон уыд  уæ ныфс  бахæссын.  Абон  баталынг ис мæнæн.  Кæд  ацы  хицауады  искæмæн уæддæр йæ  зæрдæ риссы  ацы  бæстæйыл,   уæд раппарут  премьер-министры,  дзуаппмæ раттут  алкæй дæр» –   райхъусын кодта журналист Инга Григолиа.