Гуырдзыстоны парламенты цур æмбæстæгты къорд, æндæр æмæ æндæр политикон партиты минæвæрттимæ протестон акци уадзынц.
Уыдон, Батумы ацæугæ акцимæ солидарондзинады нысанæй, парламенты алфæмбылай территоримæ тымбылæгтæ бахастой.
Бынатыл мобилизацигонд у пъæлицæй.
Нырид цалдæр бон у, æмбæстæгты къорд закъондæттæг органы цур цалдæр халагъуд сывæрдта. Уыдон парламентон æвзæрстыты фæстиуджытæ мæнгыл банымад æмæ а.х. политахæссты ссæрибар кæнын домынц.