Гуырдзыстоны парламенты абон министры сахаты фæлгæтты хъахъхъæнынады министр Ираклий Гъарибашвилимæ байхъусдзысты.
Хъахъхъæнынады министр закъондæтджыты раз ралæудзæн хъахъхъæнынады министрады куысты афæдзон хыгъдлæвæрдимæ. Гъарибашвили хъахъхъæнынады уагдоны къухдариуæггæнæджы рангы, депутатты раз, фыццаг хатт ралæудзæн.
Нырид бæрæг у, цæмæй фембæлдыл уыдзысты парламенты хæдбар депутаттæ. Сæ сæйраг фарстатæ уыдзысты хъахъхъæнгынады уагдоны æрдæм фæкъаддæргонд бюджеты фæдыл. Хæдбар депутаттæ бацымидис кæндзысты, куыд райуардзысты баззайгæ бюджеты хъахъхъæнынады министрады.
«Европаг Гуырдзыстон» æмæ «Националон Змæлд» бойкоты режим дарддæр кæнынц æмæ хъахъхъæнынады министры æрвылазон хыгъдлæвæрдмæ хъусынцмæ протесты нысанæн нæ бацæудзысты.