Парламенты абон Ирклий Гъарибашвилимæ хъусдзысты
Парламенты абон Ирклий Гъарибашвилимæ хъусдзысты

Гуырдзыстоны парламенты  абон  министры сахаты фæлгæтты хъахъхъæнынады министр Ираклий Гъарибашвилимæ байхъусдзысты.

Хъахъхъæнынады  министр  закъондæтджыты раз  ралæудзæн  хъахъхъæнынады министрады  куысты афæдзон  хыгъдлæвæрдимæ. Гъарибашвили  хъахъхъæнынады  уагдоны  къухдариуæггæнæджы рангы, депутатты раз,  фыццаг хатт ралæудзæн.

Нырид бæрæг у,  цæмæй  фембæлдыл уыдзысты   парламенты   хæдбар  депутаттæ.  Сæ  сæйраг фарстатæ уыдзысты  хъахъхъæнгынады  уагдоны   æрдæм фæкъаддæргонд  бюджеты фæдыл.  Хæдбар депутаттæ  бацымидис кæндзысты,  куыд   райуардзысты баззайгæ  бюджеты  хъахъхъæнынады министрады.

«Европаг Гуырдзыстон» æмæ «Националон Змæлд» бойкоты режим  дарддæр кæнынц æмæ  хъахъхъæнынады министры  æрвылазон хыгъдлæвæрдмæ хъусынцмæ  протесты  нысанæн нæ  бацæудзысты.