Парламентон оппозицийы минæвæрттæ Европæйы Советы парламентон ассамблейы цæстдарæг миссийы уæнгтимæ фембæлдысты
Парламентон оппозцийы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны визитæй уæвæг Европæйы Советы парламентон ассамблейы цæстдарæг миссийы уæнгтимæ фембæлдысты.
Фембæлдыл, кæцыйыл уыдысты оппозицийы уæнгтæ: Теона Акубардиа, Анна Нацвлишвили, Херман Сабо, Тамар Къордзаиа, Хатуна Самнидзе æмæ Хатиа Деканоидзе, разæвзарæнон уавæр афæлгæстой æмæ 26 октябры парламентон æвзæрстыты нысаниуæгыл фæныхас кодтой.
«Разæвазрæнон уавæрыл ныхасы рæстæджы, кæй зæгъын æй хъæуы фыццаджы дæр хуамæ анысан уа закъондæттынад,к æцы «Картули Оцнебайы» тыхархайдæй фæфыддæрдæрис. Цæстдарæгон миссийы уæнгтимæ фембæлды рæстæджы ацы фарстайыл фæныхас кодтам. Фембæлдыл афæлгæстам тыхон уавæр, кæцыйы бæлвырдгæнæнтæ парти «Гуырдзыстоны тыххæй» номæй уазджытæн базонын кодтон» – райхъусын кода Теона Акубардиа.
Политикон къорды «Еврооптимистты» уæнг Хатиа Дканоидзейы фидиуæнæй, цæстдарæг миссийы уæнгтæ тынг дзæбæх зонынц Гуырдзыстоны уæвæг проблемæтæ.
«Фембæлдыл нæ партнерты æрдгæй тынг уæззау аргълæвæрдтæм фæхъуыстам. Уыдон цæттæдзинад равдыстой, цæмæй алы хæлд, кæцы разæвзарæнон периоды æмæ æвзæрстыты бон æрцæудзæн, сфиксиргонд уыдзæн æмæ йыл æрцæттæ уыдзæн аргълæвæрд» – банысан кодта Хатиа Деканоидзе.
Политикон къорд «Лело-Патрнерад Гуырдзыстоны тыххæй»-ы уæнг Анна Нацвлишвили куыд банысан кодта афтæмæй, 26 октябры æвзæрстыты нысаниуæг,к уыд бæстæйы мидæг, афтæ Гуырдзыстоны партнертæ дæр дзæбæх æмбарынц.
«Ацы æвзæрстытæ Гуырдзыстонæн алвæндагæй уыдзысты Уæрæсе æмæ Европæйы æхсæн, автократийы æмæ уæгъдибар бæстæйы æхсæн. Уый тыххæй, нысаниуæгджын æмæ историон æвзæрстытæ сты æмæ растдæр уый бæлвыд кæны сæрмагонд хъусдард æмæ интерес йе рдæм. Мах фæныхас кодтам алы фактыл æмæ тененцийыл, кæцы бæлвырд кæны цæмæй хицауад не фсæрмы кæны нæдæр закъоны састæй æмæ нæдæр тыхмидзинадæй» – райхъусын кодта Анна Нацвлишвили.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст.