Цæугæ дезинформацион кампани тæссаг у нæ националон æдасдзинады интерестæн. Растдæр нæ уый тыххæй фæнды нæ коллегæтæн æмæ æхсæнадæн ноджы иу хатт бамбарын кæнæм, цæмæй хæст ныгуылæны нæ фæлæ, Уæрæсейы политикæйы дарддæрдзу у æндæр амæлттæй – уый фæдыл банысангонд у фидиуæны, кæцыйы Гуырдзыстоны парламенты цалдæр оппозиционер депутат публикаци кæнынц.
Депутаттæ банысан кодтой, цæмæй дезинформацион фидиуæнтæ æмæ антиныгуылæйнаг кампани лæмæгъ кæны иу æрдгæй Гуырдзыстоны деклариргонд националон интерестæ æмæ тыхджын кæны Уæрæсейы æмæ йæ информацион хæсты нысан.
Оппозиционер депутаттæ сидынц коллдегæтæм парламенты, «архайæд бæстæйы деклраригонд националон æдасдзинады интерестæм æмбæлгæйæ, афтæма сидынц Гуырдзыстоны хицауадмæ, афоныл æмæ адекватон раекци равдиса дезинформацион кампанийыл, кæцыйы нысан у антиныгуылæйнаг ахаст сцырын кæнын».
«Ацы иумæйаг фыстæгæй нæ фæнды дзуапп раттын «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнгты кæнæ уырдгæй «рацæугæты» организацигонд бырстæн АИШ-ы минæвар Кеклли Дегнаны ныхмæ æмæ сæ бæлвырд дезинформацион наративæн, цæвитон Амеркиæйы фæнды Гуырдзыстоны, Уæрæсейы ныхмæ хæстмæ баласын, кæцы тыхджын кæны Гуырдзыстоны антиныгуылæйнаг кампани æмæ йæ ныхмæ у нæ националон интерестæн.
Хъуыды кæнæм, цæмæй цæугæ дезинформацион кампани, кæцымæ баиу сты нæ коллегæтæ, тæссаг у нæ националон æдасдзинады интерестæн. Растдæр нæ уый тыххæй фæнды уыдонæн мæ ææхсæнадæн ноджы иу хатт бамбарын кæнын, ома хæст ныгуылæны нæ фæлæ у Уæрæсейы политикæйы дарддæрдзу æндæр амæлтæй.
Цæмæй цæмæн у Кремлæн пайдаджын дезинформацион фидиуæнтæ, ома АИШ-æ архайы Гуырдзыстоны хæстмæ баласын, уый æнцон райхалын ис гæнæн афтæ: хæст райдыдта Уæрæсе Гуырдзыстоны ныхмæ, кæцыйы фæстиуæг у дæргъвæтин оккупаци, сæдæгай мин тыхбын бынативгæ уæнг сæрмагонд фыдыбæстæйы, Уæрæсейы æрдгæй нæ регионты милитаризацийы æмæ анексийы процесстæ. Уæрæсейы райдайгæ хæст Гуырдзыстоны ныхмæ абоны онг дарддæр кæны уырыссаг гибридон хæсты тактикæйы фæрцы, уый тыххæй цæмæй Уæрæсейы инетерс у Гуырдзыстон, сæрмагонд æндæвдады сферæмæ æрыздахын æмæ æддагон æмæ мид политикæйы бонвæткы Уæрæсейы интерестæм æмбæлгæйæ æххæст кæнын. Уæрæсе гибридон хæсты тактикæйæ архайгæйæ быцæу лæууы Гуырдзыстоны ныгуылæнимæ иумæйаг аргъдзинæдтæн, – бæстæйы суверенитеты принципæн цытлæвæрд, демократизаци, фарн æмæ æдасдзинад сфидар кæнын, афтæ куыд Евроцæдис æмæ НАТО-йы уæнг суæвын, кæцыйы фæрцы фæзындзæни æдасдзинады æмæ дзæбæхдзинады уарт Гуырдзыстоны интерестæ бахъахъъхæнынæн.
Дарддæр, лæвæрд сты тынг хуымæтæг аргументтæ, цæмæй цæмæн у дезинформаци, цæвитон Америкæйы фæнды Гуырдзыстон баласа Уæрæсейы ныхмæ хæстмæ:
АИШ у Гуырдзыстоны сæйраг стратегион партнер, кæцыйыл æнцойæвæрд у Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд территориты æнæбанымады политикæ æмæ уымæ гæсгæ дæр территорион æнæхъæндзинажы æмæ суверенитет сфидар кæныны интерес, афтæ куыд бæстæйы демократийы æмæ фарны райрæзт æмæ НАТО-ы уæнг суæвынæн фарсхæцын. Азты дæргъы АИШ-ы закъондæтджыты дыууæпартион разыйæ «Гуырдзыстонæн фарсхæцыны актæй» хаххгондæй нысан кæны, Гуырдзыстоны, куыд НАТО-йы аспирант бæстæйы суверенитеты, хæдбарады, территорион æнæхъæндзинады æмæ Европаг æмæ Евроаталнатикон интеграцийы æрдгæй АИШ_ы фидар æххуыс, афтæдæр Гуырдзыстоны æмбæстæгты бар, сæхæдæг сывзарой сæрмагонд бæстæйы фидæн æмæ бæстæйы æддагон æмæ æдасдзинады политикæ, æндæр бæстæты æрдгæй æнæ хифæкæнд кæнæ тыхбахастæй.
АИШ нырма дыууынæм æнусы кæронæй йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны геополитикон ролæн уа регионы, альтернативон энергоресурстæ уадзæг æмæ Къаспийы Денджызы энергоресурстæй ныгуылæны ифтонггæнæг энергокъæлидор. Украинайы цæугæ хæсты фоныл амæйразмæ Европæмæ Азербайджанæй газ балæвæрд гуырахст фæдывæр кæныны фæдыл бадзырд дæр, кæцы Гуырдзыстоны уылты уыдзæн, уый бæлвырдгæнæн у,æмæ ныгуылæн æмæ АИШ-æ сты интересджын Гуырдзыстоны уа сабырдзинад.
Гуырдзыстон у æнæрмæст ахсджиаг энергокъæлидор, фæлæ ма йын ис логистикон æмæ транспортон хабы функци ныгуылæны æмæ хурыскæсæны æхсæн. Украинайы Уæрæсейы агрессийы фоныл, Гуырдзыстоны уылты райрæзгæ уæргъты зилдух æмæ ног логистикон фадæттæ сты ноджы иу аргумент, ома ныгуылæны интерестæм цæуы регионы æмæ Гуырдзыстоны уа сабырдзинад.
АИШ-ы æххуысæй сырæзт Гуырдзыстоны куыд медиаторы роль Къарабахы дыккаг хæсты фæуды фæстæ дæргъвæтин сабырад æмæ стабилондзинад сфидар кæнынæн. Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн Гуырдзыстоны æххуысæй бантыст уацайрæгты баивд, афтæ куыд сыхаг бæстæты фæсарæн хуъыддæгты министрты комкоммæ бадзырдты формат Тбилисы уыцы факт бæлвырд кæны, ома АИШ-ы æмæ ныгуылæны интерес у, бирæмгъуыдон сабырдзинад æмæ фарн сифтонг кæнын регионы.
Уæрæсейы рæзгæ æфсæддон агрессийы фоныл 2022 азы 12 июлы АИШ-ы Конгрессы инициргонд уыд нысаниуæгджын закъондæттæн акт, кæцы ноджы иу хатт бæлвырд кæны АИШ-ы рæзгæ интерес æмæ хъæддых фарсхæцын регион æмæ Гуырдзыстонæн. Банысан кæнын хъæуы уый цæмæй закъонопроект йæ хъуыдыйы дары НАТО-ы уæнг бæстæтимæ иумæ, Гуырдзыстонæн æфсæддон æххуыс райрæзын кæнын, афтæ куыд хахх кæны регионы бæстæтимæ АИШ-ы æнгом экономикон æмкуыстдзинады нысаниуæг æмæ энергоæдасдзинад сфидар кæнын.
Уæрæсейы пайдайæн Сау Денджызыл хæлд, тыхты стратегион балансы фоныл ( Уæрæсе 1993 азы Абхазы æмæ йæ донбылхахх куы бацахста, 2014 азы та Украинайы Хъырымы анекси) Гуырдзыстон, сæрмагондæй нысаниуæгджын кæны НАТО-ы Сау Денджызы инициативæйы ныгуылæнæн. Куыд НАТО-йы аспирант бæстæ, Гуырдзыстон альянсы Сау Денджызы æдасдзинады инициативæйы бирæ æрдгæй исы хайад. Уый нымæцы, ис НАТО-имæ информацийы дыууæфарсон баивд, НАТО-йы бæстæты æфсæддон науты нæхи денджызон акваторимæ портон визиттæ æмæ иумæйаг æфсæддон ахуыртæ æмæ кæрæдзиимæ æмбынатидзинад сбæрзонддæр кæнын. Ацы æмгуыстады æмæ иумæйаг тырхархайды фæрцы фидар кæны æдасдзинад куыд Гуырдзыстон, афтæ æнæхъæнæй Сау Денджызы уæрæх регионæн.
АИШ æххуыс кæны Гуырдзыстонæн уырыссаг информацион хæсты æмæ дезинформацион кампанийы ныхмæ стратегион коммуникаци стынг кæнын æмæ уырыссаг гибрибон хæсты æмæ националон фæразондзинад стынг кæныны хъуыддаджы, кæцы Гуырдзыстоны æрдгæй нымад цæуы тæссагыл.
АИШ азты дæргъы æххуыс кæны нæ хъахъхъæнынады тыхтæн, иргъæфхъомад стынг кæныны æмæ НАТО-имæ æмбынатидзинад сфитонг кæнынæн, уый тыххæй цæмæй НАТО-ы уæнгсуæвыны онг Гуырдзыстонмæ æддæ æфсæддон агрессийы цауы, ба хъом уа суверенитет бахъахъхъæнын. Хицæнæй банысан кæнын аккаг у АИШ-ы егъау роль Уæрæсе-Гуырдзыстоны 2008 азы августы хæсты кæрон скæныны хъуыддаджы æмæ уыцы практикон æххуыс, кæцы Уæрæсеимæ хæстæй зианбавзарæг бæстæмæ уыд лæвæрд АИШ-æй.
АИШ-имæ иумæйаг аргъдзинæдты æмæ Гуырдзыстоны æдасдзинад срæвдз кæнынæн АИШ Гуырдзыстонæн, 30 азы дæргъы, конкретон практикон программæты фæрцы рауæлдай кодта 6 миллиард доллары. Уæрæсеимæ хæстмæ бафтауынæй та егъау тас бартхъирæн кæндзæн махæн цæрынæн ахсджиаг иуæймаг интерестæм.
Æмæ æппынфæстаг, хъуыды кæнæм, цæмæй уæлдæр бавдыст аргументтæй, бæрæг у, – дезинформацион фидиуæнтæ æмæ æнатиныгуылæйнаг кампани лæмæгъ кæны иу æрдгæй Гуырдзыстоны деклариргонд националон интерестæ æмæ иннæрдгæй тынг кæны Уæрæсейы æмæ йæ информацион хæсты нысæнттæ.
Уымæ гæсгæ дæр, сидæм нæ коллегæтæм парламенты, архайæт бæстæйы деклариргонд националон æдасдзинады интерестæм æмбæлгæйæ. Афтæма сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, афоныл æмæ адекватон реакци скæнæт дезинформацион кампанийыл, кæцы уагъд у антигуылæйнаг ахаст сцырын кæнынæн, иумæйаг ныгуылæйнаг аргъинæдты ныхмæ æмæ лæмæгъ кæны нæ бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад» банысангонд у, Теона Акубардиайы, Хатуна Самнидзейы, Тамар Къордзаиайы, Анна Нацвлишвили æмæ Анна Бучукурийы иумæйаг фидиуæны.