Парламентон оппозицийы минæвæрттæ «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» фæдыл  закъонопроекты фæстæмæ асидын домынц
Парламентон оппозицийы минæвæрттæ «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» фæдыл закъонопроекты фæстæмæ асидын домынц

Парламентон оппозицийы минæвæрттæ, Армаз Ахвледиани, Тина Бокучава, Анна Нацвлишвили, Тако Чарквиани, Роман Гоциридзе, Нато Чхеидзе æмæ Тамар Къордзаиа иумæйаг брифинг ауагъдтой.

Оппозиционер депутаттæ  парламентон фылдæртæм, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» фæдыл закъонопроекты фæстæмæ асидынмæ, æмбæстæгтæм та,  закъонопроекты спротест кæнынмæ æрсидтысты.

«Цæттæ стæм,  нæ сæрибардзинад уарзаг адæмимæ иумæ,  бахъахъхъæнæм Гуырдзыстоны  конституци, Гуырдзыстоны  европаг   æвзæрст  æмæ  ма раттæм  бар Кремлы  заказгонд сценарийæ Гуырдзыстоны  уавæр сызмæнтын. Курæг стæм, æнæаргъæвгæйæ  фæстæмæ ахæссæд  уырыссаг закъон  æмæ Гуырдзыстоны политикон   спектр æрыздæхæт  нормалон разæвзарæнон   уавæр саразынмæ,  фарастпунктджын  планы сыххæстмæ æмæ Гуырдзыстоны  демократон   æвзæрстыты фæндагæй, нормалон, европаг   хицаудзинады сфидар кæнынмæ», – райхъусын кодта Армаз Ахвледиани.

Уыимæ, «Лелойы» уæнг Анна Нацвлишвили куыд банысан кодта афтæмæй, абон   парламенты цур, нысаниуæгджын у  Гуырдзыстоны æмбæтæгты бацыд.

«Ацы бæстæ  нæу  иу æрмыдзыхъхъ,  коррумпиргонд æмæ Уæрæсейыл  уæйгонд  чиновникты сæрмагонд, ацы бæстæ  у  уæхи, ацы  бæстæ у  ацы  бæстæйы  фидæны  фæлтæры сæрмагонд, кæцы æнаххос у    æмæ  рухс  фидæны  аккаг у.  Уый  тыххæй  уæ курæг стæм,   рацæут   абон  парламенты цур.   Мах ам уыдзыстæм уæ хъæлæс,  айзæлын кæндзыстæм  гуырдзиаг адæмы   фæнд æмæ иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй  сымах уат  Гуырдзыстоны  парламенты цур. Уый тыххæй,  цæмæй  хицауад  къæных  нæ хъусы  уæ  хъæлæсмæ,  тынг хъæрæй, дырысæй  ноджы иу  хат йын фехъусын кæнут – Нæй уырыссаг закъонæн,  Нæй уырыссаг закъонæн, О  Европæйæн», – райхъусын кодта Анна Нацвлишвили.