Парламентон æвзæрстыты, уæгъдибар, æдас æмæ сабыр уавæры ауадзынæн, Вахтанг Гомелаури  радæтта  бардзырд
Парламентон æвзæрстыты, уæгъдибар, æдас æмæ сабыр уавæры ауадзынæн, Вахтанг Гомелаури радæтта бардзырд

Мидхъуыддæгты министр  Вахтанг Гомелаури  Гуырдзыстоны  парламенты  2024 азы   26 октябры  æвзæрстыты, уæгъдибар, æдас æмæ   сабыр уавæры  ауадзынæн, æмбæлгæ  бардзырд  рауагъдта.

Бардзырдмæ гæсгæйæ, пъæлицæйы департаменты  архайадон территорийыл арызт уыдзысты  тепрриторион къордтæ, кæцытæ  бæрнон  уыдзысты  барадсастыты  рабæрæгы æмæ превенцийыл.

Æвзæрстыты æдас æмæ уæгъдибар уавæры ауадзын баахъаз кæныны нысанæн,  æмбæлгæ  кордтæн бахæс ис   архайадон территорийыл  сифтонг кæной  æмбæлгæ амæлттæ,  бахъуаджы  цауы, «п\æлицæйы фæдыл» Гуырдзыстоны  закъонмæ  æмбæлгæйæ,  превентивон   пъæлицæйон  мадзæлтты  сыххæст.

Бардзырд пъæлицæйæгты хæсджын кæны  кусæн хæстæ æххæст кæныны рæстæджы бахъахъхъæнæд  политикон нейтралондзинады принциптæ. Æнæруадзгæ у барадхъахъхъæнæгы архайд комкоммæ кæнæ   фæрссаг   уа здæхт  искæцы политикон  партийы  ныхмæ кæнæ  фарсхæцынæн.

Информаци хъусын кæны мидхъуыддæгты министрад.