Парламент йæ фарсыл рахæцыд, цæмæй 2003-2012 азты хицауады æмæ политикон бæрнонты архайд сбæрæг кæныны къамис сырæза
Парламент йæ фарсыл рахæцыд, цæмæй 2003-2012 азты хицауады æмæ политикон бæрнонты архайд сбæрæг кæныны къамис сырæза

Гуырдзыстоны парламент йæ фарсыл рахæцыд рæстæгмæ парламентон къамисы сырæзтæн, кæцы 2003-2012 азты архайæг хицауады æмæ политикон бæрнонты архайдтытæ сбæрæг кæндзæн.
Пленарон рабадтыл хъæлæсæппæрстмæ лæвæрд æрцыд уынаффæйы проект «Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагурæн къамисы сырæзты фæдыл, кæцы 2003-2012 азты уæвæг режимы æмæ йæ политикон бæрнонты архайдтытæ иртасдзæн». 83 депутаты рахæцыдысты къамисы саразыны фарс, иу дæр йæ ныхмæ нæ уыд.
Уагæвæрдмæ гæсгæ, къамисы уæнгты æрдæг хъуамæ уой оппозицион депутаттæ. Парламентон оппозицийæн снысангонд бынæттæ фылдæры хайæ хицæнгонд «Адæмон тыхы» минæвæрттæ бацахсдзысты.
Къамис фыццаг этапыл æртæ мæйы кусдзæн парламенты æмæ бацæттæ кæндзæн политикон-барадон аргълæвæрд «Националон змæлды» хицауиуæгады периоды.
Хицаугæнæг къорд хъусын кæны, цæмæй «2003-12 æзты режимы аргълæвæрдæн ис ахсджиаг нысаниуæг бæстæйы раз лæууæг тæссагдзинæдты превенцийæн æмæ Гуырдзыстоны æнæниз политикон системæйы сырæзтæн».
Парламентон фылдæры хайы лидер, Мамука Мдинарадзе, инициативæйы бавдисгæйæ куыд загъта, афтæмæй «Рæстæгмæ фæдагуырдон къамис æрбахондзæн æмæ бафæрсдзæн режимы бæрнонты, афтæ ма алы æндæр адæймаджы, кæцыйы гæнæн ис аххосджын кæной режимы æрдыгæй арæзт фыдракæндты кæнæ кæцымæ ис ахадгæ информаци ацы фыдракæндты тыххæй». Уыимæ иумæ, Мдинарадзе банысан кодта, цæмæй 2008 азы хæстон хъуыдтагы фæдыл фæдагуырды нысæнттæ нæ уыдзысты æфсæддон командæгæнджытæ æмæ æфсæддонтæ.