Парламент, Ираклий Гъарибашвили æмæ хицауады скондæн æууæнк расидтис
Гуырдзыстоны парламенты пленарон рабадтыл Ираклий Гъарибашвили æмæ хицауады скондæн æууæнк равдыста 89 хъæлæсæй дыууæйы ныхмæ.
Министрты кабинеты æрмæст дыууæ ног министр ис – хъахъхъæнынады министры постыл Джуаншер Бурчъуладзе бацахста, регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрæй ссис Ираклий Карселадзе.
Иннæ уагдæтты къухдариуæггæнджытæ закъондæттæг оргæн æнæивгæйæ сфидар кодта. Сæрмагондæй та: Мидхъуыддæгты министр – Вахтанг Гомелаури; Экономикæйы æмæ æнææцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава; фæсарæн хъуыддæгты министр – Давит Залкалиани; Финансты министр – Иванэ Мачъавариани; ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министр – Михеил Чхенкели; оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр – Экатерине Тъикъарадзе; Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр – Леван Давиташвили; фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстыты паддзахадон министр – Тея Ахвледиани.
Æууæнк райсынæн хицауады скондæн 76 депутаты хъæлæс хъуыдис.