Парижы аппеляцион тæрхондон æрурæдта паддзахады æрдыгæй 400 милуан доллары фиддон компани "Энкайæн",  Намахваны гидроэлектростанцæйы хъуыдтагы
Парижы аппеляцион тæрхондон æрурæдта паддзахады æрдыгæй 400 милуан доллары фиддон компани "Энкайæн",  Намахваны гидроэлектростанцæйы хъуыдтагы

Парижы аппеляцион тæрхондон æхсæнадæмон æмвæзадыл сфидар кодта арбитражон уынаффæ Намахваны гидроэлектростанцæйы хъуыдтагыл, кæцымæ гæсгæ гуырдзиаг компани «Энка»-йæн 400 милуан доллары бафидын æрурæдта, цалынмæ аппеляцион тæрхондон кæронбæттæн тæрхон нæ рахæсдзæн.

Хъуыдтаг хауы Намахваны гидроэлектростанцæйы проектмæ,  800 милуан доллары аргъ гидроэлектростанцæмæ, кæцыйы арæзтады тыххæй Гуырдзыстоны хицауад æмæ Энка 2019 азы бадзырд бафыстой.

Парижы аппеляцион тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, проект æрцыд урæд бынæттон цæрджыты æмæ экологты протестты рæстæджы, уый фæстæ та Энка иуфарсонæй 2021 азы контракт скусын кодта, Гуырдзыстоны хæстæ фехæлды аххосагæй. 2022 азы компани бахъаст кодта Æхсæнадæмон Арбитражон Тæрхондонмæ компенсацийы тыххæй. 2024 азы 13 ноябры арбитражон тæрхондон рахаста йæ кæронбæттæн уынаффæ, уый фæстæ та æндæр ивддзинæдтæ бахаста 2025 азы 6 январы. Тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй контракты фæурæд уыд закъонон æмæ бафæдзæхста Гуырдзыстонæн бафидын Энкайæн 400 милуан доллары бæрц.

Гуырдзыстоны хицауад Парижы тæрхондонмæ æртæ хъаст бадæтта: тæрхон скусын кæнын, æххæст кæныны барлæвæрды нæ разы кæнын æмæ фиддонтæ æруромын. Энка æрдомдта бар æххæст кæнынæн.

Тæрхондон фыццаг æркаст, гæнæн ис æви нæ тæрхон раттын æмæ лæвæрд æрцыд бар æххæст кæнынæн, фæлæ уый фæстæ тæрхондон æркаст фиддонтæ æруромыны фарстмæ. Гуырдзыстон бавдыста бæлвырдгæнæнтæ, цæмæй 400 милуан доллар бæстæйы хъахъхъæнынады бюджеты 60% æмæ юстицийы министрады бюджеты 250% у.

Уынаффæмæ гæсгæ, тæрхондон райста ацы аргумент æмæ сбæрæг кодта, æвæстиатæй æвæрд суммæ бафидын «серьезонæй кæй фехæлдзæн паддзахадон хъуыддæгты суверенон къухдариуæгад». Парижы аппеляцион тæрхондон ма банымадта Энкайы статус, ома, компани арæзт æрцыд æрмæстдæр Намахваны ГЭС-ы проектæн, æмæ контракт куы фæцис, уæд нал æххæст кæны экономикон архайд æмæ йын нæй нысаниуæгджын активтæ. Уый нысан кæны, цæмæй кæд æмæ уынаффæ фæстагмæ ивд æрцæудзæн, уæд гæнæн ис æмæ Гуырдзыстонæн практикон æгъдауæй æнæмæнгхъæугæ уа, Енкайæн цы суммæ бафыстой, уый раздахын. Ацы дыууæ хъуыддаг хынцгæйæ, тæрхондон æххæстæй æрлæууын кодта фиддонтæ, цалынмæ Апелляцион тæрхондоны кæронбæттæн тæрхон нæ рахæсдзæн, уæдмæ.