Панкисы  Комы  уавæр æрсабыр ис, акцийы  хайадисджыты  хай, Телауы бадзырдтæ  сараздзысты
Панкисы Комы уавæр æрсабыр ис, акцийы хайадисджыты хай, Телауы бадзырдтæ сараздзысты

Панкисы комы цæрджыты  хай  Телауы,   полицийы  уагдонмæ араст сты,  кæцы ранмæ  МХ министры хæдивæг  Каха Сабанадзе  акцийы   хайадисджыты фæхуыдта   бадзырдтæ ауадзынмæ.

Бынатыæй  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы  журналист куыд хъусын кæны афтæмæй,   ацы  минутты   Панкисы   комы   уавæр сабыр у.  Бынатыл  сты  специнысаниуæгы   балы   минæвæрттæ.   Афтæдæр акцийы  хайадисджытæ. ГЭС-ы  арæзтадон куыстытæ   урæд сты.

Абон  ГЭС-ы  арæзтад спортест кæнынмæ  бацæуæг  бынæттон  цæрджыты  æмæ   спецнысаниуæгы  балы æхсæн   быцæудзинад æрцыд.

Панкисы комы ГЭС арæзтадыл кусæг   тракторы  куыст фæкуылымпы кæнын бацархайдта  бынæттон цæрджыты хай,  кæцыйы  фадат  сын барадхъахъхæнджытæ   нæ раттой.   Акцийы  хайадисджытæ  специалон нысаниуæгы  балыл дуртæ  æхсын  райдыдтой. Спецназ æрымбырдуæвджыты ныхмæ   цæссыгуадзæн газ  ауагъдта.