Мамука Бахтадзе - Сæрмагонд цытæй мæ фæнды баздæхын Пакисы Комы цæрджытæм,никуы  сыххæст кодтам  проект афтæ, æмæ нын  æмбæстæгтимæ диалог ма уыдаит
Мамука Бахтадзе - Сæрмагонд цытæй мæ фæнды баздæхын Пакисы Комы цæрджытæм,никуы сыххæст кодтам проект афтæ, æмæ нын æмбæстæгтимæ диалог ма уыдаит

«Нæ барадхъахъхæнджыты æрдæм агресси  абсолютонæй нæрайсгæ  у,  æмæ уый тыххæй  дæр закъоны  дзуапп уыдзæн  адекватон» – райхъусын кодта  Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе,  Панкисы  Комы знон айтынггонд фæзындтæн аргълæвæрды рæстæджы.

Мамука Бахтадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй,  Панкисы Комы  зæгъгæ цæрынц  æцæг патриоттæ  æмæ æмбæстæгтæ.

«Сæрмагонд  цытæй мæ  фæнды баздæхын  Пакисы Комы цæрджытæм. Мах никуы никæцы  регионы,  цæрæн пункты кæнæ  чысыл хъæуы дæр, не ххæст кодтам  ницæй проект афтæ æмæ  нын  ма уыдаит консультацитæ æмæ диалог бынæттон  цæрджытимæ,  уый  у  нæ   хицауады къухы фæд.  Зонут æй  цæмæй ацы диалог дарддæр кæны. Фæнды мæ сæрмагонд  бузныг  зæгъын   барадхъахъъæнæг  оргæнтæн, алкæмæн  чидæриддæр  знон хайад иста,  уымæн  æмæ уыдон  бирæ хæттыты  æвдыстой  сæ бæрзонд проффесионализм  æмæ хиуылхæсты  бæрзонд æмвæзад.  Мæнмæ гæсгæ, хиуылхæстдзинад – у  бæрзонд  профессионализмы амонæг.   Фæнды мæ бузныг зæгъын  алкæмæндæр ноджы иу хатт.  Знон æмæ абон   мах фехъуыстам  бынтон æнæбындур  комментаритæ адæймæгтæй,  кæцытæ  гæнæн ис рæдыды æфтыд  сты  кæнæ та  архайынц  тынг аслам популизмæй, цæвитотн  зæгъгæ Гуырдзыстонæн  энергетикæйы  рапарахат кæнын  ницæмæн  хъæуы» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Йæ ныхæстæм æгсгæ, Гуырдзыстон зæгъгæ  хъуамæ фæтых уа мæгуырдзинадыл, æмæ  мæгуырдзинадыл  фæуæлахиз уын та гæнæн ис   экономикæйы райрæзты  фæрцы.

«Гуырдзыстонæн ис  дыууæ знаг – оккупаци  æмæ мæгуырдзинад.  Экономикæйы райрæзтæн æнæмæнгхъæуæг у  уæлæмхас  энергий.  Уæлæмхас  электроэнергийы  хъомысады  куы  саразæм,  уæд нын нæ уыдзæн  гæнæн   уыцы бюыцæусидытæтн бахъом  уын кæцыты раз  лæууæм   экономикæйы æрдгæй.  Мах  тырнæм   фæхуыздæр кæнæм царды  æмвæзад, цæмæй  йæ   бахæстæг кæнæм Европæйаг æмвæзадмæ.  Хурыскæсæн  Европæйы  иу удгоймагыл электроэнергийы хардзтæ уæлдай  кæнынц  иу мин хаттонæй,  уымæй та бæрæг у  уый æмæ  экономикæ  куы рæзы,  уæд йын уæлæмхас электроэнерги æнæмæнгхъæугæ у.  Нæ  хицаудзинады  уавæрты  никуы  уыдзæн афтæ, æмæ  энергетикæйы райрæзт  цæуа бынæттон цæрджыты интересты хардзыл, экологийæн знаггадгæнгæйæ, уый гæнæн нæй.  Фæнды мæ  ноджы иу  хатт бадзурон  алы фарсмæ дæр,  комментаритæ аразæт эмоцитæй  цухæй, ма æууæндут  æнæбæлвырд информацийыл,  уый лæвæрд ситуацийы, нæ уыдзæн  бæрнон   æмбæстагы раст реакци» –  дзуры Мамука Бахтадзе.