Пандемийы æмæ туризмы тыххæй Мариам Квривишвили фæныхас кодта «CNN»-мæ [видео]
Гуырдзыстон алкæмæн равдыста æнтыстджын цæвиттон, цæмæй куыд тох кæнын хъæуы пандемийы ныхмæ, уый хъуамæ уа бæлвырдгæнæн, гаранти алы бæлццонæн æмæ нæ æмбæстæгтæн дæр. Мах дарддæр дæр уыдзыстæм тынг сæрхызт, цæмæй алкæй дæр æмхуызонæй баиргъæвæм инфицирады тасæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны туризмы националон администрацийы къухдариуæггæнæг Мариам Квривишвили загъта «CNN»-ы эфиры.
Квривишвили куыд банысан кодта афтæмæй, туризм зæгъгæ, Гуырдзыстоны экономикæйы ахсджиаг хай у.
«Æрмæст 2019 азы Гуырдзыстоны, кæцыйы цæрджытæ 3,7 милуаны бæрц сты, бахъом стæм фараст милуанæй фылдæр туристæн сфысым кæнын. Гуырдзыстонæн сæйраг рард у баззайа æдас бæстæйæ, æмæ алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй нæ бæстæ уа æдас абон æмæ фидæны дæр. Уый дары йæ хъуыдыйы уынаффæ бæстæйы этапгай æмæ арæхсгай байгом кæныны фæдыл. Уынаффæ йæ хъуыдыйы дары арæнтæ байгом кæнын уыцы паддзахадтимæ, цы ран эпидемиологион уавæр контролы дæлбар у. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныфс дарæм ахæм бæстæты номхыгъд райрæзын кæнын, æмæ Дунейы дæр уавæр стабилон дæр суыдзæн», – райхъусын кодта Мариам Квривишвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад зæгъгæ скусын кодта æдасдзинады регуляцитæ æхсæнадон тыгъдады афтæма æнæнизхъахъхъæды протоколтæ.
«Мах æнтыстджынæй сфæрæзтам тесттæй басгæрст ауæрæхдæр кæнын æмæ уый ныр рæувадат у, кæй бахъæудзæн, алкæмæн. Æхсæнадæмон аэропорт ифтонгггонд у æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ. Нæ хицæн сектор æххæстæй цæттæ у æхсæнадæмон бæлццæтты райсынмæ. Фæнды мæ сæрмагондæй бахахх кæнын нæ туризмы секторы нысаниуæг æмæ бæрзонд социалон бæрн, коронавирусимæ тохы æрдгæй . Гуырдзыстоны хицауад, æнгом æмкуыст кæны туризмы секторы минæвæрттимæ, сæрмагондæй уæззау периоды, пандемийы рæстæджы Дæнцæн уын зæгъдзынæн, цæмæй пандемийы рæстæджы баххуырстам сæдæгай фысымуат æмæ сæ карантины зонæтæй скодтам. Абон ацы проект бæрæг у ахæм сæргондæй «Гуырдзыстоны 5-стъалыджын карантин», кæцы уый амонæг у, цæмæй нæ хицæн сектор скусын кодта æдасдзинады алы протокол, цахæмдæр у социалон дистанци хъахъхъæнын æмæ а.д. цæмæй уый фæбæрæг уыдаит мидæгон кæнæ æхсæнадæмон туризмыл», – райхъусын кодта Мариам Квривишвили.