ПÆК-ы контртеррористон центр специалон операцийы фæстиуæгæн, «Исламон Паддзахады» æхсæз фарсхæцæгы æрцахста
Паддзахадон æдасдзинады куысты контртеррористон центр масштабон специалон операцийы фæтиуæгæн, тæрхондоны уынаффæйы бындурыл, террористон организаци «Сламон Паддзахады» фарсхæцджыты æрцахста.
Пæк-ы информацийæ, контртеррористон операци иурæстæгонæй цыппар ран ацыд, ахсты сты Гуырдзыстоны æхсæз æмбæстаг.
«Контртеррористон центры Гуырдзыстоны прокуратурæйы æмæ мидхъуыддæгты министрады иумæйаг мадзалы фæстиуæгæн ссаргæ бæлвырдгæнæнтæй сбæрæг ис, цæмæй фæнысангонд гоймæгтæн уыдис цæдис террористон организаци Сламон паддзахады» иуæй-иу ахадæг лидеримæ æмæ йæ сæрдариуæгæй æндæр æмæ æндæр хуызы террористон активондзинæдтæ план кодтой цалдæр бæстæйы.
Фæдагуырæг архæйдтыты фæстиуæгæн ист сты терроистон организацийы символикæ, электронон информацийы хæсджытæ, хæцæн æрмæг, рæмудзæн буарадтæ æмæ фæдагуырдæн нысаниуæгджын æндæр æмæ æндæр бæлвырдгæнæнтæ.
Хъуыддагыл фæдагуырд цæуы Гуырдзsстоны тугтæрхоны барады кодексы 328-æм æмæ 236-æм статитæй, кæцы сæ хъуыдыйы дарынц фæсарæйнаг бæстæйы террористон организацийы уæнгдзинад, террористон архæйдтыты æххуыс, æхсæнгарзы, хæцæн æрмæджыты æмæ рæмудзæн буарадты æнæзакъононæй балхæд-бавæрын. Фæдагуырд уадзы паддзахадон æдасдзинады куысты контртеррористон центр.
Фæнысангонд фæдагуырды фæлгæтты, контртеррористон центр, ссаргæ бæлвырдгæнæнты бындурыд рабæрæг кодта террористон активодзинæдтæ æндæр æмæ æндæр фæсарæн бæстæты территорийыл æмæ райрæзгæ тас хынцгæйæ информаци оперативонæй фехъусын кодта партнер бæстæтæн. Афтæма банысан кæндзыстæм, цæмæй ацы хъуыддаджы фæлгæтты тугтæрхоны барадон сурын райдыдта фæсарæйнаг бæстæйы иу æмбæстагы ныхмæ, кæцы тæрхондоны уынаффæйæ æргъæвд æрцыд мидхъуыддгты министрады миграцийы департаменты рæстæгмæ ахсты центрмæ», – хъусын кæнынц паддзахадон æдасдзинады куысты.